РХИ-йы Минæварад УФ-йы райста хайад Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты XXVI Сæрдыгон дипломатон хъæзтыты

XXVI Международные летние дипломатические игры

Майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хуындæй Хуссар Ирыстоны Минæварад Уæрæсейы райста хайад XXVI Æхсæнадæмон сæрдыгон дипломатон хъæзтыты.

Дипломатон ерысты алы æмæ алыхуызон спорты хуызты æрвылаз дæр Минæварад свæййы сыгъзæрин æмæ æвзист уæлахиздзау. 

Спортмæ уарзондзинад иу кæны дипломатон минæварадты, фæсарæйнаг бæстæты минæварадты æмæ æхсæнадæмон организациты кусджыты.

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров раарфæ кодта дипломатон хъæзтыты хайадисджытæн æмæ банысан кодта, кæй хæссынц стыр хайбавæрд æнæниз, активон цардмæ, дунейы алы къуымтæй дипломатты профессионалон иудзинад фидаркæнынадмæ.

Хъазтытæн сæ сырæзты бонæй фæстæмæ сæ фарсмæ сты зынгæ уæрæсейаг спортсментæ, кæцытæ тæрхон кæнынц ерыстæн.

Ацы аз дипломатон минæварадты командæтæ хъазыдысты национ тырысатимæ спорты аст хуызæй: стыр теннис, бильярд, кæсаг ахсын, стендон æхст, мини-футбол, волейбол æмæ баскетбол.

Республикæ Хуссар Ирыстоны командæ ссис XXVI Æхсæнадæмон сæрдыгон дипломатон хъæзтыты уæлахиздзау.

Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Гасситы Знауыр банысан кодта, Минæварад йæ уæлахиздзинад Дипломатон хъæзтыты кæй снывонд кодта Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады 15-азон юбилейæн.

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хуындæй турнирмæ ‘рцыдысты дипломатон минæварадты хайадисджытæ Африкæ, Ази, Уæрæсе æмæ æндæр бæстæтæй, æдæппæтæй 50 командæйæ фылдæр.

Ерыстæ цыдысты профессионалон тæрхонгæнджыты хъусдарды бын.

 

28.08.2023