Арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбамæ Уæрæсе Абхазы хæдбардзинад куы банымадта, уымæй 15 азы рацыды цытæн

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Абхазы хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбамæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Уæрæсейы ‘рдыгæй  Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитеты банымад ссис нæ адæмы сæ сæрибардзинады сæрыл æмæ сæ зæххыл сабырæй цæрыны бирæазон тохы æппæты растдæр фæстиуæг. Ацы стыр сгуыхтдзинад ныл æвæры уæлдай хæстæ, цæмæй фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнæм сабырад, нæ паддзахадты размæдзыд.

Абоны бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхаз æнтысджынæй фидар кæнынц паддзахадон институттæ æмæ ныфсджынæй цæуынц сабырад æмæ размæдзыды фæндагыл. Ныфс мæ ис, нæ адæмы ‘хсæн бирæазон æфсымæрон ахастытæ дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзысты дывæрсон æхсæнпаддзахадон æмгуыстады райрæзт æмæ размæдзыдæн».

26.08.2023