Сообщения МИД РЮО

Archive
Открытие выставки охотничьего оружия в ЮОГУ

Хуымгæнæны мæйы 7-æм бон ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыры фембæлд.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Минæварады архайды актуалон фарстытыл, кæцытæ здæхт сты хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг хæларадон ахастытæ сфидар кæнынмæ.

Уымæй дарддæр ма Джиоты Æхсар æмæ Гасситы Знауыр бабæрæг кодтой Бекъойты Роланды цуанон хæцæнгæрзты колекцийы равдыст, кæцы байгом Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты (ХИПУ) музейы.

Женевские дискуссии по безопасности в Закавказье

2023 азы хуымгæнæны мæйы 4-5 бонты Женевæйы ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы радон раунд. Уагъд цæуынц 2008 азы майрæмы мæйы 12-æм бон æмæ рухæны мæйы 8-æм бон цы бадзырдтæ райстæуыд, уыдоныл бындуриуæг кæнгæйæ. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, Европæйы Цæдис (ЕЦ), Иугонд Нациты Организаци (ИНО), афтæ ма Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы минæвæрттæ.

МИД Южной Осетии

Хуымгӕнӕны мӕйы 4-ӕм бон Женевӕйы райдыдта Фӕскавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинады фӕдыл Дискусситы 57-ӕм раунд. Куысты фыццаг боны фӕлгӕтты Хуссар Ирыстоны делегаци ауагъта фембӕлдтытӕ 1-ӕм ӕмӕ 2-ӕм кусӕгон къордты ӕмсӕрдӕрттӕ ӕмӕ модератортимӕ. Фембӕлдтыты рӕстӕджы ӕрдзырдӕуыд Дискусситы боны фӕткмӕ цы фарстытӕ хауы, уыдоныл. Женевӕйы процесс ӕнӕмӕнгӕй кӕй хъӕуы дарддӕр кӕнын ӕмӕ сног кӕнын дискусситы раундты ӕнӕрлӕугӕ куыст куыд регионы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинад бахъахъхъӕныны ахсджиаг иуӕг, уый тыххӕй сӕ хъуыдытӕ загътой хайадисджытӕ.

МИД Южной Осетии

Хуымгæнæны мæйы 3-æм бон Женевæйы Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДзÆК) сæйраг бæстыхайы ацыд Женевæйаг æхсæнадæмон дискусситы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы хайадисджыты фембæлд Европæ æмæ Централон Азийы СДзÆК-ы операцион координатор Анжелик Апперуимæ, уымæй дарддæр ма Европæ æмæ Централон Азийы СДзÆК-ы хъахъхъæнынады хайады сæргълæууæг Фабиан Бурдьеимæ.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд СДзÆК-ы архайдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны. Афтæмæй ма дзырд цыд æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурыны Æртæварсон координацион механизмы куыстыл. 

Встреча Министра иностранных дел РЮО Ахсара Джиоева с Главой Представительства МККК в РЮО Драгославом Блажевичем

Тӕргӕйтты мӕйы 31-ӕм бон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар йӕхимӕ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитеты (СДзÆК) Минӕварады Сæргълæууæг Драгослав Блажевичы.

Ныхасы рӕстӕджы Драгослав Блажевич бӕстонӕй æрдзырдта СДзÆК  Хуссар Ирыстоны цы программӕтӕ реализаци кӕны ӕмӕ организацийӕн ӕввахс рӕстӕджыты цы плӕнттӕ ис, ӕппӕт уыдӕттыл.

Ахсар Джиоев и Нарим Козаев

Тӕргӕйтты мӕйы 23-ӕм бон Мӕскуыйы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар фембӕлд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын Минӕвар Республикӕ Никарагуа ӕмӕ Боливариайнаг Республикӕ Венесуэлӕйы Козаты Наримимӕ.

Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд Никарагуа ӕмӕ Венесуэлӕимӕ хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕныны фарстытыл.

Цхинвал, 2023 азы тӕргӕйтты мӕйы 23-ӕм бон

МИД Южной Осетии

Тӕргӕйтты мӕйы 23-ӕм бон Цхинвалы видеоконференцийы хуызы ацыд Женевӕйы æхсӕнадӕмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембӕлд Женевӕйы дискусситы ЕЦ, ЕÆÆО æмæ ИНО-йæ Ӕмсӕрдӕрттимӕ.

Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд Женевӕйы дискусситы радон 57-ӕм раунд ауадзынимӕ баст фарстытыл.

Траурный митинг памяти жертв Ередской трагедии

Æрвыл аз дæр тæргæйтты мæйы 18-æм бон Хуссар Ирыстоны ссарынц Ереды трагедийы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ. Ирыстоны ног историйы уый у æппæты æгъатырдæр æмæ æбуалгъдæр фыдракæндтæй иу.

1991 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон Ереды хъæумæ хæстæг гуырдзиаг лæгсырдтæ бацахстой автомашинæ «Урал» æмæ дзы рахизын кодтой 25 ироны. Уыдон цыдысты гуырдзиаг гæрзифтонг къордтæ сæ дæлбар цы территори бакодтой, ууылтыл. Сылгоймæгты æмæ сывæллæтты ауагътой, фæлæ дзы 12 нæлгоймагæн фæфыдмитæ кодтой, уый фæстæ сæ удæгасæй баныгæдтой æмæ сын сæ бынат бульдозерæй сраст кодтой. 

Встреча Президента Южной Осетии А.Э. Гаглоева и Президента России В.В. Путина

Тæргæйтты мæйы 16-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины фембæлд.

Дыууæ бæстæйы сæргълæууæджы æрдзырдтой дывæрсон æмгуыстады дарддæры райрæзтыл, фыццаджыдæр, социалон-экономикон фадыджы.

Владимир Путин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæн кæй ис сæрмагонд здæхт.

В.В. Лощинин

2023 азы тæргæйтты мæйы 14-æм бон йæ цардæй ахицæн Валерий Василийы фырт Лощинин, зынгæ уæрæсейаг дипломат æмæ паддзахадон архайæг, Уæлвæткон æмæ Ӕххæстбарджын Минæвар отставкæйы.

Тӕргӕйтты мӕйы 9-ӕм бон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар телефоны ныхас кодта Республикӕ Абхазы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Инал Ардзинбаимӕ.

Ӕддагполитикон уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ ‘рдзырдтой дывӕрсон ӕмгуыстады актуалон фарстытыл, се ‘хсӕн регионалон ӕдасдзинады фӕлгӕтты активон политикон диалог дарддӕр кӕнын. 

Ныхасы рӕстӕджы дыууӕ фарс дӕр уӕлдай хъусдард аздӕхтой сыхаг Гуырдзыстоны мидполитикон уавӕр ӕндыгъдӕй ӕндыгъддӕр кӕй кӕны, ӕмӕ йын Хуссар Кавказы регионы бынтон хорз фӕстиуджытӕ кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕ.