Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсары ӕмӕ Республикӕ Абхазы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Инал Ардзинбайы телефоны ныхасы тыххӕй

Тӕргӕйтты мӕйы 9-ӕм бон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар телефоны ныхас кодта Республикӕ Абхазы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Инал Ардзинбаимӕ.

Ӕддагполитикон уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ ‘рдзырдтой дывӕрсон ӕмгуыстады актуалон фарстытыл, се ‘хсӕн регионалон ӕдасдзинады фӕлгӕтты активон политикон диалог дарддӕр кӕнын. 

Ныхасы рӕстӕджы дыууӕ фарс дӕр уӕлдай хъусдард аздӕхтой сыхаг Гуырдзыстоны мидполитикон уавӕр ӕндыгъдӕй ӕндыгъддӕр кӕй кӕны, ӕмӕ йын Хуссар Кавказы регионы бынтон хорз фӕстиуджытӕ кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕ. 

Гуырдзыстоны уавӕрмӕ хъус хорз ӕрдарыны, афтӕ ма Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Республикӕ Абхазы ‘рдӕм гӕнӕнуӕвӕг тӕссагдзинад иумӕйаг архайды фӕрцы ӕрбӕстон кӕныны хъуыддаджы, Джиоты Ӕхсар ӕмӕ Инал Ардзинба уыдысты иу хъуыдыйыл хӕст. Нысангонд ӕрцыд, Уӕрӕсейы Федераци кӕй у регионы сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны гарант.  

Цхинвал, 2023 азы тӕргӕйтты мӕйы 9-ӕм бон

 

09.03.2023