Ереды трагедийæ 32 азы рацыды охыл

Траурный митинг памяти жертв Ередской трагедии
Траурный митинг памяти жертв Ередской трагедии
Траурный митинг памяти жертв Ередской трагедии
Траурный митинг памяти жертв Ередской трагедии

Æрвыл аз дæр тæргæйтты мæйы 18-æм бон Хуссар Ирыстоны ссарынц Ереды трагедийы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ. Ирыстоны ног историйы уый у æппæты æгъатырдæр æмæ æбуалгъдæр фыдракæндтæй иу.

1991 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон Ереды хъæумæ хæстæг гуырдзиаг лæгсырдтæ бацахстой автомашинæ «Урал» æмæ дзы рахизын кодтой 25 ироны. Уыдон цыдысты гуырдзиаг гæрзифтонг къордтæ сæ дæлбар цы территори бакодтой, ууылтыл. Сылгоймæгты æмæ сывæллæтты ауагътой, фæлæ дзы 12 нæлгоймагæн фæфыдмитæ кодтой, уый фæстæ сæ удæгасæй баныгæдтой æмæ сын сæ бынат бульдозерæй сраст кодтой. 

32 азы размæ ‘рцæугæ тугæйдзаг æмæ æгъатыр цауæй абоны бон дæр зæрдæ ныккæрзы, уый ирон адæмæн баззайдзæн æнæбайгас хъæдгомæй.

Гуырдзыстоны къухдариуæгад æнусы дæргъы ирон адæмы ныхмæ кæй уагъта геноциды политикæ, уымæн æвдисæнтæй иу ссис Ереды трагеди. 1920 азы геноцидæй 2008 азы онг ирæтты массон æгъдауæй скуынæг кæныны цаутæн дунейы æмæхсæнад нырма дæр аккаг барадон аргъ не скодта. Дунеон æмæхсæнад йæ цæстытæ кæй æхгæны æмæ гуырдзиаг разамонджытæ сæ фыдракæндты тыххæй æфхæрд кæй нæ баййæфтой, растдæр уыдæтты фæрцы уыдис уæвæн 2008 азы майрæмы мæйы трагедийæн.

Ацы фыдракæндтæн рох гæнæн нæй, уыдон æдзухдæр зæрдыл лæууын кæнынц, хæдбарад райсынæн Хуссар Ирыстоны адæмы цы уæззау цæлхдурты сæр бахъуыд рахизын, æппæт уыдæттæ.

Тæргæйтты мæйы 18 бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ хайад райстой Ереды трагедийы фæмардуæвджыты мысæн митингы æмæ дидинтæ сæвæрдтой Хуссар Ирыстоны иумæйаг уæлмæрды.

Фыдохы мадзалы хайад райстой Республикæйы къухдариуæгады минæвæрттæ, Уæрæсейы Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, министрадты æмæ уагдæтты кусджытæ, трагедийы фæмардуæвджыты хиуæттæ, æхсæнад.  

Цхинвал, 2023 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон                       

 

18.03.2023