Уæрæсейаг дипломат Валерий Лощинин йæ цардæй кæй ахицæн, уый охыл

В.В. Лощинин

2023 азы тæргæйтты мæйы 14-æм бон йæ цардæй ахицæн Валерий Василийы фырт Лощинин, зынгæ уæрæсейаг дипломат æмæ паддзахадон архайæг, Уæлвæткон æмæ Ӕххæстбарджын Минæвар отставкæйы.

Хуссар Ирыстоны ног историйы Валерий Василийы фырты номимæ баст сты ахсджиаг цаутæ. 2000 азты Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг уæвгæйæ, активонæй хайад иста гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны хъуыддаджы, уыцы нымæцы Ӕмхæццæ контролон къамисы фæлгæтты цы куыст кодта, уый дæр. Алыхатт дæр нæ зæрдыл дардзыстæм йе стыр профессионализм æмæ йæ хæлар ахаст Хуссар Ирыстонмæ.

Тæфæрфæс кæнæм Валерий Лощинины бинонтæ æмæ хиуæттæн. 

15.03.2023