Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр бабæрæг кодтой ХИПУ-йы цуанон хæцæнгæрзты равдыст

Открытие выставки охотничьего оружия в ЮОГУ

Хуымгæнæны мæйы 7-æм бон ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыры фембæлд.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Минæварады архайды актуалон фарстытыл, кæцытæ здæхт сты хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг хæларадон ахастытæ сфидар кæнынмæ.

Уымæй дарддæр ма Джиоты Æхсар æмæ Гасситы Знауыр бабæрæг кодтой Бекъойты Роланды цуанон хæцæнгæрзты колекцийы равдыст, кæцы байгом Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты (ХИПУ) музейы.

Мадзалы хайад райстой Республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Уæрæсейы Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, министрадты æмæ уагдæтты минæвæрттæ, æхсæнад.

Цхинвал, 2023 азы хуымгæнæны мæйы 7-æм бон

07.04.2023