Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины фембæлды тыххæй

Встреча Президента Южной Осетии А.Э. Гаглоева и Президента России В.В. Путина
Встреча Президента Южной Осетии А.Э. Гаглоева и Президента России В.В. Путина

Тæргæйтты мæйы 16-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины фембæлд.

Дыууæ бæстæйы сæргълæууæджы æрдзырдтой дывæрсон æмгуыстады дарддæры райрæзтыл, фыццаджыдæр, социалон-экономикон фадыджы.

Владимир Путин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæн кæй ис сæрмагонд здæхт.

«Цытджын Алан Эдуарды фырт! Тынг æхсызгон мын у дæ уынд, демæ базонгæ уын. Нæ дзурдзынæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн цы ахастытæ ис, уыдоныл - ам, мæнмæ гæсгæ, ныхæстæ ницæмæн хъæуынц, уымæн æмæ ахастытæн ис сæрмагонд здæхт. Фæлæ мæ фæнды банысан кæнын, нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ, экономикон фадыгæй райдайгæйæ, алы фадыджы дæр размæ кæй цæуынц, уый. Ацæугæ аз товарты зилдух фæфылдæр 12 проценты бæрц. Уый æвзæр æвдисæн нæу. Рæзынц, размæ нын цæуынц: инвестицион программæ, социалон- экономикон райрæзты программæ, финансон æххуысы программæ, Хуссар Ирыстонæн æххуысы кредитон программæ.

Æдасдзинад бахъахъхъæнынæн республикæйы территорийыл æрбынат кодта уæрæсейаг хæстон базæ, æмæ уыцы здæхты бæрæг бæлвырд структурæты ‘хсæн цæуы æнгом æмархайд. Æвæццæгæн, аскъуыддзаг кæнын нæ цы фарстытæ хъæуы, ахæмтæ дæр ис,-  табуафси. Тынг æхсызгон мын у дæ уынд æмæ нæм æгас цу»,- загъта Владимир Путин.

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй йын кæй ис фадат бузныджы ныхæстæ зæгъын, уый фæдыл Гаглойты Алан раарфæ кодта Уæрæсейы Президентæн.

«Республикæйæн æппæты зындæр рæстæджыты Уæрæсейы Федераци алыхатт дæр кæй уыд нæ фарсмæ, æмæ абоны бон дæр йе ‘ххуысы къух кæй фæдаргъ кæны, æппæт уыдæттæ мах нæ рох кæнæм. Нæ зæрдыл лæууы, 2008 азы майрæмы мæйы Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæг кæнынæн цы тæссагдзинад сæвзæрд, уый, фæлæ раст æмæ йæ рæстæджы рахастгонд уынаффæты фæрцы тыхгæнæг саст æрцыд. Мах нæ хæс æмæ нæ бузныгдзинад æвдисæм канд дзырдтæй нæ, фæлæ ма хъуыддæгтæй дæр. Сæрмагонд хæстон операцийы ирон æфсæддонтæ сæ уæрæсейаг æфсымæртимæ иумæ хъахъхъæнынц нæ иумæйаг истори, иумæйаг хæзнатæ, нæ иумæйаг уырнынад. Хъæуы банысан кæнын, уыдон иууылдæр уырдæм кæй цæуынц уæлахизы ныфсимæ, уымæн æмæ æмбарынц, тох рæстдзинады сæрыл кæй кæнынц. Бирæтæ дзы хорзæхджын æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон хорзæхтæй»,- загъта Гаглойты Алан.

Хуссар Ирыстоны Сæргълæууæг банысан кодта, æндыгъд геополитикон уавæр хынцгæйæ, ныры рæстæджы уæлдай ахсджиаг кæй у иумæйаг æдасдзинады фæлгæтты æмархайд кæнын.

Абоны бон стратегион нысаниуæг ис экономикон æмгуысткæнынады фарстытæн. Уым хицæн бынат ис Хуссар Ирыстонæн. Уæрæсеимæ иумæ уæвыны хъуыдыйыл хæст кæй стæм рагæй фæстæмæ, уый тыххæй фыццаг бавзæрстам нæхиуыл тыхгæнæджы азар. Æмæ æппæт дунейæн хъуамæ равдисæм,  ахæм хъуыды иунæг раст кæй у. Уый фæдыл, хъуамæ алцыдæр саразæм, цæмæй нæ республикæйы экономикæ хæдхъом æмвæзадмæ ‘ркæнæм æмæ суæм аккаг экономикон партнер»,- банысан кодта Гаглойты Алан.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта Владимир Путинæн, республикæ газæй сифтонг кæныны проекты фарс кæй у, уый фæдыл.

«Нæ экономикæйы райрæзты уый уыдзæн æцæг стыр къахдзæф размæ. Нæ хъæутæй адæм нал цæудзысты, нæ бон бауыдзæн хъæууон хæдзарады размæдзыд ноджы тынгдæр сразæнгард кæнын. Уый стыр æххуыс уыдзæн Хуссар Ирыстонмæ инвестортæ ‘рхонынæн. Владимир Владимиры фырт, Хуссар Ирыстоны адæм æппæт уыдæттæ алыхатт дæр сæ зæрдыл дардзысты. Уымæй дарддæр ма, Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл æххæст кæны 15 азы. Уавæрæй пайда кæнгæйæ дæ хонын Хуссар Ирыстонмæ цытджындæр уазæджы хуызы. Бавзардзынæ Хуссар Ирыстоны адæмы хæлар æмæ арфæйаг ахаст. Бузныг, кæй мын фæцис фадат нæ размæ цы фарстытæ лæууы, уыдон аскъуыддзаг кæнынæн æмæ мæ афтæ хъарм кæй райстай, уый тыххæй»,- загъта Гаглойты Алан.

https://presidentruo.org/vstrecha-s-prezidentom-rossijskoj-federaczii-vladimirom-putinym/
 

16.03.2023