Хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг ахастытӕн ис хъӕздыг истори ӕмӕ арф уидӕгтӕ, нӕ адӕмты ‘хсӕн ис монон ӕмӕ культурон иудзинад. Ирон адӕм рагӕй фӕстӕмӕ равзӕрстой Уӕрӕсеимӕ ӕмгуыст кӕнын.
15 азы размӕ Уӕрӕсейы Федераци банымадта Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕдбардзинад ӕмӕ ацы дыууӕ паддзахады ‘хсӕн бындур ӕрӕвӕрдӕуыд дипломатон ахастытӕн, афтӕмӕй ма Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн бафыстӕуыд хӕларад, ӕмгуысткӕнынад ӕмӕ иумӕйаг ӕххуысы тыххӕй Бадзырд.
Хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг хӕларадон ахастытæ цы документтыл бындуриуæг кæнынц, уыдонæй сæ иу у, 2015 азы тӕргӕйтты мӕйы 18-ӕм бон Мӕскуыйы Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ‘хсӕн æмцæдис æмæ интеграцийы тыххӕй цы Бадзырд бафыстӕуыд, уый. Документыл сӕ къухтӕ ‘рфыстой дыууӕ бӕстӕйы къухдариуӕггӕнӕджы – Президент Тыбылты Леонид ӕмӕ Президент Владимир Путин.
Уыимӕ иумӕ банысан кӕнын хъæуы, ӕхсӕнадӕмон ӕдасдзинады фадыджы ныры уавæр хынцгӕйӕ, Бадзырд уӕлдай актуалон кӕй у, уый.
Дывӕрсон ахастыты хъуыддаджы ацы документаен ис стратегион нысаниуӕг. Барадхъахъхъӕнӕн уагдӕтты ӕмархайд, ӕддагон политикӕйы координаци, социалон-экономикон ӕмӕ ӕндӕр фадгуыты размӕдзыдимæ иумæ, документ фидар кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмцӕдисоны статус. Ӕппӕт уыдӕттӕ Республикӕ Хуссар Ирыстонӕн сты паддзахадон суверенитеты ӕмӕ ӕдасдзинады гаранти, фидар кӕнынц ӕхсӕнадӕмон позицитӕ, ахъаз сты Республикӕйы хӕдбардзинад банымайынӕн ӕмӕ ‘нӕфӕцудгӕ социалон-экономикон райрӕзтӕн.
Бадзырд дӕтты уӕлӕмхас фидыдадтæ саразыны фадат, кæцытæ ахъаз сты ӕхсæнпаддзахадон æмгуыстады бадзырдон-барадон бындуры размӕдзыдӕн æмæ алыхуызон фадгуыты æмгуысткæнынадæн. Ацы документтыл куыст цæуы дыууæ бæстæйы бæрæг бæлвырд уагдæтты æнгом æмархайды фæлгæтты.
Нӕ бæстæйы æдасдзинад æмæ социалон-экономикон размæдзыдæн æдæппæтæй цы хæстæ ис, уыдон иууылдæр æвдыст æрцыдысты ацы стратегион документы. Сфидаргонд æрцыд æмархайды фæтк адæмы социалон хъахъхъæнынады фадыджы, уымæй дарддæр ма пенситæ, Хуссар Ирыстоны бюджетон уагдæтты кусджыты мыздтæ фæфылдæр кæныны ӕмӕ Республикæйы æнæмæнгхъæуæг фæдзæхстады системæ саразыны мадзæлттæ. Цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæн æнцондæрæй сæ бон уа уæрæсейаг æмбæстагад райсын, уыцы фарстытыл дæр куыст цæуы.
Ӕмтгæй райсгæйæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастытæ размæ цæуынц æмæ сæ ис апп, мидис. Уæрæсейы Федераци уыдис æмæ у Хуссар Ирыстоны ныфсджын æмцæдисон, регионы сабырад æмæ æдасдзинады гарант.