Фӕскавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинады фӕдыл Женевӕйы Ӕхсӕнадӕмон дискусситы Ӕмсӕрдӕрттимæ фембӕлды тыххӕй

МИД Южной Осетии

Тӕргӕйтты мӕйы 23-ӕм бон Цхинвалы видеоконференцийы хуызы ацыд Женевӕйы æхсӕнадӕмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембӕлд Женевӕйы дискусситы ЕЦ, ЕÆÆО æмæ ИНО-йæ Ӕмсӕрдӕрттимӕ.

Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд Женевӕйы дискусситы радон 57-ӕм раунд ауадзынимӕ баст фарстытыл.

Хуссарирыстойнаг фарсӕрдыгӕй нысангонд ӕрцыд, куыстæн дӕргъвӕтин рӕстӕгмæ йæ цыды æрлæуд ӕппӕрццагӕй кæй ӕндавы Женевӕйы дискусситы размæдзыдыл. Афтæмæй та цæмæй бæстæты ‘хсӕн комкоммӕ диалог цæуа, уымæн абоны бон Женевæйы дискусситæ сты ахсджиаг ӕхсӕнадӕмон бынат. Инциденттӕ аиуварс кӕнын ӕмӕ сӕм афоныл хъус æрдарыны механизмы фӕлгӕтты фембӕлдтытӕ фаг не сты.

Хайадисджытӕ сфидар кодтой дискусситы сӕйраг нысан- регионы фидар ӕдасдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъӕнын. Ацы контексты хуссарирыстойнаг фарс бамбарын кодта, тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг бадзырдмæ гæсгæ ӕнӕмӕнгӕй кӕй хъӕуы ногæй ӕрæвналын куыстмӕ, афтӕмӕй ма æввахс рæстæджыты райдайын делимитацийы фӕдыл консультацитӕ.

Дунейы зын геополитикон уавӕрмӕ ‘нӕкӕсгӕйӕ, фембӕлды хайадисджытӕ та ногӕй сӕ цӕттӕдзинад равдыстой Женевӕйы процессы фӕлгӕтты ӕнтысджын ӕмӕ конструктивон куыст дарддӕр кӕнынмӕ.

Женевӕйы дискусситы 57-ӕм раунды фӕлгӕтты фембӕлд нысангонд ӕрцыд ацы азы хуымгӕнӕны мӕйы 4-5-ӕм бонтæм.

Цхинвал, 2023 азы тӕргӕйтты мӕйы 23-ӕм бон

 

23.03.2023