2023 азы хуымгæнæны мæйы 4-5 бонты Женевæйы ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы радон раунд. Уагъд цæуынц 2008 азы майрæмы мæйы 12-æм бон æмæ рухæны мæйы 8-æм бон цы бадзырдтæ райстæуыд, уыдоныл бындуриуæг кæнгæйæ. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, Европæйы Цæдис (ЕЦ), Иугонд Нациты Организаци (ИНО), афтæ ма Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы минæвæрттæ. Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргъ лæууыд РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.
Фембæлд ацыд дыууæ кусæгон къорды: æдасдзинады æмæ гуманитарон фарстыты фæдыл.
Фыццæгæм кусæгон къорды дзырд цыд регионалон æдасдзинады хъæндзинæдтыл.
Фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой, Женевæйы дискусситæ кæй сты иунæг ахæм бынат, кæм ис аскъуыддзаг кæнæн сæвзæргæ фарстытæ æмæ тæссагдзинад. Уый хынцгæйæ, женеваг процесс дæргъвæтин рæстæгмæ кæй æрлæууы, уый æппæрццагæй æндавы регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинадыл.
Дискусситы хайадисджытæ сæйраг хъусдард аздæхтой Гуырдзыстон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстон æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документы сырæзтмæ. Уыцы документ суаид стабилондзинад æмæ регионы уæвæг æдасдзинад бахъахъхъæныны бындур. 2023 азы тæргæйтты мæйы Гуырдзыстоны кæй сидтысты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ конфликт сног кæнынмæ, уый фæдыл ацы документ у уæлдай актуалон.
Хуссарирыстойнаг- гуырдзиаг паддзахадон арæны районы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фарстытыл уынаффæ кæнгæйæ, фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой, уавæр дзы абаргæйæ уæддæр сабыр кæй у, уый. Уыимæ иумæ ма æрдзырдæуыд, хуссарирыстойнаг хъæу Уистамæ æввахс гуырдзиаг фарс æнæзакъонæй кæй сæвæрдта пост, уый æппæрццаг æндæвдадыл. Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы делегацитæ хайадисджыты хъусдард аздæхтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци кæнынмæ. Уый фæрцы регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад ноджы сфидардæр уаид, хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны дыууæ фарс цы адæм цæры, уыдонæн пайда æрхæссид.
Дискусситы рæстæджы нысангонд æрцыд хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæныл инциденттæ иуварс кæныны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны Механизмы куысты ахадындзинад æмæ уыцы форматы «тæвд хахх»-ы архайд.
Бæстонæй æрдзырдæуыд гуманитарон фарстытыл дæр, уым сæйраг хъусдард здæхт æрцыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй гуырдзиаг тыхон структурæты къухæй чи фæтары æмæ Гуырдзыстоны территорийыл æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæтмæ. Уымæй дарддæр ма ногæй хъусдард аздæхтæуыд, Гуырдзыстон Тырсыгомы ирæтты бартæ кæй халы æмæ уый фæдыл уыдонæн бирæ азты дæргъы кæй не ‘нтысы сæ райгуырæн уæзæгмæ бахауын, уымæ.
Ирон æмæ абхазаг хайдисджытæ ногæй сæвæрдтой фарст, цалдæр паддзахады визæты политикæйæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы цæрджыты ‘рдæм кæй ис дискриминацион здæхт.
Афтæмæй ма сæ хъуыдытæ загътой æндæр гуманитарон фарстыты фæдыл.
Лигъдæтты фарстыты тыххæй ацæугæ раунды дзырд нæ цыд. Лигъдæтты тематикæйыл дзырд сног кæнынæн фадат уыдзæн æрмæстдæр уæд, кæд æмæ Гуырдзыстон йæ къух сиса ацы проблемæйы хæдаразгæ политизацийæ.
Женевæйы дискусситы радон фембæлд нысангонд æрцыд 2023 азы сусæны мæймæ.
Женевæ, 2023 азы хуымгæнæны мæйы 6-æм бон