Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы хайадисджыты фембæлды тыххæй Европæ æмæ Централон Азийы Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты минæвæрттимæ

МИД Южной Осетии

Хуымгæнæны мæйы 3-æм бон Женевæйы Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДзÆК) сæйраг бæстыхайы ацыд Женевæйаг æхсæнадæмон дискусситы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы хайадисджыты фембæлд Европæ æмæ Централон Азийы СДзÆК-ы операцион координатор Анжелик Апперуимæ, уымæй дарддæр ма Европæ æмæ Централон Азийы СДзÆК-ы хъахъхъæнынады хайады сæргълæууæг Фабиан Бурдьеимæ.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд СДзÆК-ы архайдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны. Афтæмæй ма дзырд цыд æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон агурыны Æртæварсон координацион механизмы куыстыл. 

Уымæй дарддæр ныхас цыд Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты Минæварады куыстмæ цы фарстытæ хауы, æппæт уыдæттыл.  

Цхинвал, 2023 азы хуымгæнæны мæйы 3-æм бон

 

03.04.2023