Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсары æмæ Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитеты Минӕварады Сæргълæууæг Драгослав Блажевичы фембæлды тыххæй

Встреча Министра иностранных дел РЮО Ахсара Джиоева с Главой Представительства МККК в РЮО Драгославом Блажевичем

Тӕргӕйтты мӕйы 31-ӕм бон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар йӕхимӕ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитеты (СДзÆК) Минӕварады Сæргълæууæг Драгослав Блажевичы.

Ныхасы рӕстӕджы Драгослав Блажевич бӕстонӕй æрдзырдта СДзÆК  Хуссар Ирыстоны цы программӕтӕ реализаци кӕны ӕмӕ организацийӕн ӕввахс рӕстӕджыты цы плӕнттӕ ис, ӕппӕт уыдӕттыл.

Фембӕлды ма хайад райстой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы хистæр Джиджойты Т., РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хайады хистæр Уалыты М., СДзÆК-ы Минæварады Хъахъхъæнынады хайады сæргълæууæг Р. Набиулин, СДзÆК-ы Минæварады Æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл кусæг Тедеты М.

Цхинвал, 2023 азы тæргæйтты мæйы 31-æм бон

 

31.03.2023