Хуымгӕнӕны мӕйы 4-ӕм бон Женевӕйы райдыдта Фӕскавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинады фӕдыл Дискусситы 57-ӕм раунд. Куысты фыццаг боны фӕлгӕтты Хуссар Ирыстоны делегаци ауагъта фембӕлдтытӕ 1-ӕм ӕмӕ 2-ӕм кусӕгон къордты ӕмсӕрдӕрттӕ ӕмӕ модератортимӕ. Фембӕлдтыты рӕстӕджы ӕрдзырдӕуыд Дискусситы боны фӕткмӕ цы фарстытӕ хауы, уыдоныл. Женевӕйы процесс ӕнӕмӕнгӕй кӕй хъӕуы дарддӕр кӕнын ӕмӕ сног кӕнын дискусситы раундты ӕнӕрлӕугӕ куыст куыд регионы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинад бахъахъхъӕныны ахсджиаг иуӕг, уый тыххӕй сӕ хъуыдытӕ загътой хайадисджытӕ.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны делегаци форумы фӕлгӕтты ауагъта цалдӕр дывӕрсон фембӕлды иннӕ делегацитимӕ, уыдоны рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны делегацийы фарсӕрдыгӕй равдыстӕуыд иузæрдыгдзинад фарстытæм, кæцытыл дзырд цæудзæн 5 апрелы куысты сӕйраг боны фӕлгӕтты.