Тӕргӕйтты мӕйы 31-ӕм бон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар йӕхимӕ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитеты (СДзÆК) Минӕварады Сæргълæууæг Драгослав Блажевичы.
Ныхасы рӕстӕджы Драгослав Блажевич бӕстонӕй æрдзырдта СДзÆК Хуссар Ирыстоны цы программӕтӕ реализаци кӕны ӕмӕ организацийӕн ӕввахс рӕстӕджыты цы плӕнттӕ ис, ӕппӕт уыдӕттыл.