Республикæ Никарагуайы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадыл 15 азы сæххæсты цытæн Джермугъы хохмæ схизыны фæдыл

Восхождение на вершину горы Джермух
Восхождение на вершину горы Джермух

Республикæ Никарагуайы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадыл 15 азы сæххæсты цытæн, Тыбылты Алыксандры номыл ХИПУ-йы клуб «Аполлоны» хъæппæрисæй, схызтæуыд Джермугъы хохмæ (3193), кæцы ис Хуссар Ирыстоны, Тлигомы.

Никарагуа ссис Уæрæсейы Федерацийы фæстæ дыккаг бæстæ, кæцы 2008 азы рухæны мæйы 3-æм бон банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бузныг зæгъы клуб «Аполлон» æмæ, сæрмагондæй, хохмæ чи схызт, уыдонæн.

¡Viva Nicaragua!

Цхинвал, 2023 азы рухæны мæйы 3-æм бон

 

03.09.2023