Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевы арфæйы фыстæг Уæрæсейы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды фæдыл

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ Уæрæсейы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды фæдыл.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«15 азы дæргъы Паддзахад Алани размæ цæуы куыд æхсæнадæмон ахастыты æмбар субъект æмæ Уæрæсейы фидар партнер. Ацы бон бакондæуыд бæстæйы историйы ног сæргонд, кæцы дзурæг у размæдзыд æмæ райрæзтыл.

РХИ-йы суверенитет æмæ хæдбардзинады банымадæй фæстæмæ цард федтой йæ адæмы бирæазон фæндиæгтæ, кæцытæ афтæ ‘ввахс сты приднестровæгтæн. Ацы къахдзæф æрæвæрдта бындур æндæр бæстæтимæ дипломатон ахастыты фидаркæнынадæн, уыимæ иумæ ма ирон адæмæн балæвар кодта  хорз фидæн æмæ сæ Фыдыбæстæйы тыххæй сæрыстырдзинад.

Хуссар Ирыстонимæ иу цæмæндæрты аргъ гæнгæйæ, Приднестровьейæн тынг æхсызгон сты æфсымæрон адæмы æнтыстытæ æмæ дарддæр дæр фæрсæй фæрстæм йемæ иумæ цæудзæнис ахсджиаг нысæнттæм. Ныфс дарын, цæрджыты патриотизм æмæ хъæбатырдзинады фæрцы бæстæ дарддæр дæр кæй цæудзæн паддзахадон арæзтад æмæ æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны фæндагыл».

26.08.2023