Сусæны мæйы 3-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн Мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион- координацион центры (ИИКЦ) сырæзты æмæ архайды фæткы фæдыл Фидыды бафыстæй 7 азы рацыды охыл цытджын æмбырды.
Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Уæрæсейы Минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, тыхон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ.