Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл Австриаг Республикæйы Минæвар Патрик Поппелимæ

Ахсар Джиоев и Патрик Поппель

Хурхæтæны мæйы 9-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Австриаг Республикæйы Минæвар Патрик Поппелы, кæцы æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æвзæрстытæм æхсæнадæмон цæстдарæджы хуызы. 

Фембæлды рæстæджы Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта уазæгæн Республикæйы политикон цаутæм цымыдисдзинады фæдыл. Патрик Поппелы хъуыдымæ æвзæрстытæ цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон æмæ æхсæнадæмон æвзарæн стандарттæм гæсгæ. 

Цхинвал, 2024 азы хурхæтæны мæйы 9-æм бон

 

09.06.2024