Уæрæсейы боны цытæн арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Уæрæсейы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Бæстæйы сæйраг бæрæгбон нысан кæны Уæрæсейы паддзахадон тых æмæ иу кæны Уæрæсейы æппæт адæмыхаттыты дæр сæ иумæйаг Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, сæ уидæгтыл иузæрдиондзинад, историйæн кад кæнын æмæ сабырæй цæрынмæ тырнындзинады тæгтæй.

Хуссар Ирыстоны дæр Уæрæсейы бон нысан кæнынц æппæтадæмон бæрæгбонæй, кæцы у бæстæйы ивгъуыд, нырыккон æмæ фидæны историйы хайад исты ирд дæнцæг».

Уæрæсейы боны цытæн ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ.  

12.06.2024