Мæсæллæйы нотæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы Федерацийы Минæварадмæ 2 къласы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар отставкæйы Сошнин Николайы фырт Виталийы амæлæты охыл

В.Н. Сошнин

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста мæсæллæйы нотæ Уæрæсейы Федерацийы Минæварадмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны 2 къласы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар отставкæйы Сошнин Николайы фырт Виталийы амæлæты охыл.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«Йæ цардæй ахицæн хъæздыг миддунейы хицау, диссаджы хорз дипломат, профессионал æмæ зæрдæхæлар адæймаг.

2013-2017 азты Уæрæсейы Федерацийы Минæварады уынаффæгæнæг-минæвар уæвгæйæ, Виталий Николайы фырты Хуссар Ирыстоны бахъуыды кодтой, куыд йæ хъуыддагыл æнувыд, хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастыты райрæзты хъуыддагмæ, æддагполитикон уагдæтты ‘хсæн æмгуыстад сфидар кæнынмæ уæзгæ хайбавæрд чи бахаста, ахæм адæймагæй.

Хъыгзæрдæйæ мæсæллæй кæнæм Виталий Николайы фырты хиуæттæ æмæ коллегæтæн».   

04.06.2024