Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ белорусаг адæмы геноциды амæттæгты Æппæтадæмон мысæн боны охыл мадзæлтты тыххæй

Брестская крепость-герой

Хурхæтæны мæйы 21-22 бонты Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ белорусаг адæмы геноциды амæттæгты Æппæтадæмон мысæн боны охыл мадзæлтты, кæцытæ ацæудзысты Бресты.

Хурхæтæны мæйы 22-ы изæр мемориалон комплекс «Бресты гæнах-хъайтар»-ы ацæудзæн Бресты зылды филармонийы камерон оркестры равдыст «Мысæн музыкæ», уый фæстæ митинг-реквием «Фæмардуæвджыты рухс ном аккагæй хæссут!» – Æнусон артмæ дидинтæ сæвæрыны церемони. Кобрины фидары ацæудзæн хæстон-историкон реконструкци «1942 азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон. Бресты гæнах».

Мадзæлтты хайад райсдзысты 40 делегацийы минæвæрттæ Беларусь æмæ фæсарæнтæй.

Цхинвал, 2024 азы хурхæтæны мæйы 20-æм бон

20.06.2024