Хурхæтæны мæйы 4-æм бон ИНО-йы Генералон ассамблейы 78-æм сессийы фæлгæтты радон хатт ист æрцыд Гуырдзыстонæй сразæнгардгонд лигъдæтты фæдыл резолюци.
Бæрæг у, æмæ лигъдæтты проблемæ аскъуыддзаг кæныны бæсты дарддæр цæуы ацы фарстайы политизацикæнынад, æмæ йыл æрдзурыны фадат та ИНО-йы фæзуаты Хуссар Ирыстонæн нæй. Резолюци бындуриуæг кæны мæнг хъуыдыйыл, ома, Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны территоритæ Гуырдзыстоны сты. Бæрæг у, æмæ ИНО-мæ æрвылаз дæр цы документ æрцæуы хаст, уым бынтондæр дзырд нæ цæуы, лигъдæтты проблемæ кæй у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ Гуырдзыстон цы хæстон конфликт самадта, растдæр уый трагикон фæстиуæг.
Уыимæ иумæ ИНО-йы гуманитарон проблематикæ раразмæ кæныны хуызы, гуырдзиаг фарс азæй азмæ æнтысджыныл нымайы зианджын адæмы проблемæ æцæгæй дæр аскъуыддзаг кæнын нæ, фæлæ резолюцийы фарсхæцджыты нымæц фылдæр кæнын.
Уый нымайæм Гуырдзыстоны æгад политикон хъазтыл, кæцы самадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фæсчъылдым.
Ацы уавæр, хъыгагæн, дарддæр дæр исы коньюнктурон æххуыс ИНО-йы, æмæ уый фæдыл лигъдæтты проблемæйыл Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æрдзурыны фадат нал ис.
Цхинвал, 2024 азы хурхæтæны мæйы 7-æм бон