2024 азы хурхæтæны мæйы 25-26 бонты Женевæйы ацыд Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 61-æм раунд. Дискусситæ цæуынц Медведев æмæ Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм æмæ рухæны мæйы 8-æм бонты бадзырдадтæм гæсгæ. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы, Иугонд Нациты Организацийы, Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг Коцты Константин.
Фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой сæ хъуыды Женевæйы дискусситæ дарддæр кæныны фæдыл. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны уавæр нысангонд æрцыд стабилон.
Ныхасы рæстæджы нысангонд æрцыд Инциденттæ аиуварс кæныны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы куысты ахсджиагдзинад хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Æрдзырдæуыд Механизмы куысты ахадындзинад æмæ уыцы форматы «тæвд хахх»-ы архайдыл.
Хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг минæвæрттæ ногæй æрсидтысты гуырдзиаг фарсмæпаддзахадон арæны делимитаци æмæ дарддæры демаркацийы фæдыл иумæйаг куыст ауадзынмæ, уымæн æмæ уый у арæнгæрон инциденттæ æмæ дестабилизацийы тæссагдзинад фæкъаддæр кæныны ахсджиаг иуæг.
Хуссарирыстойнаг, абхазаг æмæ уæрæсейаг хайадисджытæ банысан кодтой, æдасдзинад бахъахъхъæнынæн æнæмæнг кæй у, цæмæй Гуырдзыстон бафысса Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ.
Бæстонæй æрдзырдæуыд гуманитарон фарстатыл дæр, цыран сæйраг хъусдард аздæхтæуыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæтмæ. Хуссарирыстойнаг делегаци банысан кодта, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны фæдыл куыст сцырен кæнын кæй хъæуы æмæ æрсидт гуырдзиаг фарсмæ ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн уæзгæ къахдзæфтæ саразынмæ.
Гуырдзыстон кæй халы ирæтты – Хъазыбеджы районы (Тырсыгом) цæрджыты бартæ, кæдонæн цалдæр азы дæргъы сæ бон нæу сæ райгуырæн уæзæгмæ бахауын, уый тыххæй та ногæй æрцыд загъд.
Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фæсчъылдым ИНО-йы Генералон Ассамблейы лигъдæтты проблемæйы фæдыл радон политизацигонд резолюцийы райсты тыххæй хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг хайадисджытæ иумæйаг фидиуæны бахахх кодтой Гуырдзыстоны ацы инициативæйы деструктивон мидис, кæцы бынтондæр сафы Женевæйы фæзуаты лигъдæтты проблемæйыл дзурыны мидис.
Хъуыдытæ ма загъдæуыд æндæр гуманитарон фарстаты фæдыл дæр.
Женевæйы Æхсæнадæмон дискусситы радон фембæлд нысангонд æрцыд 2024 азы кæронмæ.
2024 азы хурхæтæны мæйы 26-æм бон