Бендеры трагедийæ 32 азы рацыды охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста мæсæллæйы нотæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.
Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:
«1922 азы хурхæтæны мæйы 19-æм бон у Приднестровьейы историйы æппæты уæззаудæр бонтæй иу. Уæд молдаваг националисттæ ахызтысты гуманитарон барады æппæт нормæты сæрты дæр, цы æркодта сæдæгай мæрдтæ æмæ цæфтæм, бирæ пырхæнтæм.
Бендеры трагеди Приднестровьейы адæмы тынгдæр æрбангом кордта сæрибар æмæ хæдбардзинады, сæ фидæн, истори, культурæ æмæ æвзаг бахъахъхъæныны сæраппонд тохы.
Ацы хъынцъымы бон Хуссар Ирыстоны адæм сæ сæртæ ныллæг къул кæнынц Приднестровьейы хъайтарты, Бендеры трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ мысгæйæ».