Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Бресты мысæн мадзæлтты

Памятные мероприятия в Бресте
Памятные мероприятия в Бресте
Памятные мероприятия в Бресте
Памятные мероприятия в Бресте
Памятные мероприятия в Бресте

Хурхæтæны мæйы 20-22 бонты Бресты цæуынц Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ белорусаг адæмы геноциды амæттæгты Æппæтадæмон мысæн боны охыл мадзæлттæ.

Горæт Брестмæ РХИ-йы ФХъМ-йы делегацийы кусæгон балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста митинг-реквием «Фæмардуæвджыты ном аккагæй хæссут»-ы, кæцы ацыд мемориалон комплекс «Бресты гæнах-хъайтар»-ы. Мадзалмæ фæуазæг сты Республикæ Беларусы Хицауады сæрдар Р. Головченко, Цæдисон паддзахады Паддзахадон секретарь Д. Мезенцев, Беларусь æмæ Уæрæсейы официалон минæвæрттæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, Бресты цæрджытæ æмæ уазджытæ. Афтæмæй ма делегаци бабæрæг кодта Кобрины фидары хæстон-историкон реконструкци «1941 азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон. Бресты гæнах».  

Делегаци сæвæрдта дидинтæ Бресты облæсты Бресты районы хъæу Чернавчицыйы æфсымæрон уæлмæрдмæ, цыран йе ‘нусон бынат ссардта Хуссар Ирыстонæй рацæугæ 55 гвардийы æхсæг дивизийы 168 гвардийы æхсæг полчы кæстæр сержант Дриаты Максимы фырт Баграт, кæцы фæмард хъайтары мардæй 1944 азы сусæны мæйы 26-æм боны Бресты облæст ссæрибар кæныны тугкалд тохы.

Цхинвал, 2024 азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон

22.06.2024