Арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузинмæ Райгуырæн боны цытæн

А.М. Джиоев и М.Ю. Галузин

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузинмæ Райгуырæн боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Фæлтæрд дипломат уæвгæйæ, бирæ азты дæргъы хæссыс фæстиуæгджын уынаффæтæ, кæцыты сæйраг æнтыст у дæ иузæрдиондзинад куыстыл, бæрнон ахаст.

Хуссар Ирыстоны дæ зонынц æмæ дын аргъ кæнынц куыд нæ бæстæты ‘хсæн стратегион партнерад æмæ дарддæры интеграцийы фарслæууæг, бузныг дæ сты дывæрсон æмгуыстады фарстатæм дæ хъусдарды фæдыл».

14.06.2024