Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æстæм æрсидты депутатты æвзæрстыты фæдыл

МИД Южной Осетии

2024 азы хурхæтæны мæйы 9-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны ацыдысты Парламенты æстæм æрсидты депутатты æвзæрстытæ. Хъæлæскæнынад цыд 73 æвзарæн фадыджы, кæцытæй 2 гом æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы территорийыл.

Суагъæты банымады фæстæ Республикæйы Парламентмæ бахызтысты партитæ «Иугонд Ирыстон», «Ныхас», «Адæмон парти» æмæ «Комунистон парти».

Æвзæрстытæм сæ хъус дардтой 30 æхсæнадæмон цæстдарæджы Уæрæсе, Беларусь, Абхаз, Туркæй. Æвзæрстытæ ацыдысты сабырæй, национ закъон æмæ æхсæнадæмон стандарттæм гæсгæ.

Хъæлæс кæныны процессы бæрзонд æмвæзадмæ нæкæсгæйæ, цалдæр бæстæйы загъд æрцыд афтæ хуыйнæг Гуырдзыстоны иугонд территори æмæ æвзæрстытæ ма банымайыны фæдыл.

Ахæм позици нымайæм нæрастыл. Республикæ Хуссар Ирыстон – дунейы æмæхсæнады уæнгты ‘рдыгæй нымад паддзахад, кæцыйæн ахастытæ бындуриуæг кæнынц æмбар, æмсæрдзинадыл, æмæ бынтондæр ницы бар дары сыхаг Гуырдзыстонмæ.

Адæмы хъуыдыйыл бындуриуæг кæнгæйæ, дарддæр дæр демократон архайдæй фидар кæндзыстæм Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад.  

Цхинвал, 2024 азы хурхæтæны мæйы 11-æм бон

11.06.2024