2023 азы цыппурсы мæйы 5-6 бонты Женевæйы ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон раунд. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы, Иугонд Нациты Организацийы, Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд Коцты Константин.
Фембæлды хайадисджытæ загътой сæ иумæйаг хъуыды Женевæйы дискусситы ахсджиагдзинады фæдыл æмæ банысан кодтой, ахъаз кæй сты регионалон æдасдзинадæн.