Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг агрессийæ æхсæрдæс азы рацыды охыл

МИД Южной Осетии

Æхсæрдæс азы размæ, 2008 азы майрæмты мæйы 8-æм боны æхсæв, гуырдзиаг гæрзифтонг тыхтæ «коллективон Ныгуылæны» æххуысæй æрбабырстой фынæй Цхинвалмæ. Фыццаг цæф сæхимæ райстой Хуссар Ирыстоны хæдæфсæддонтæ. Æхсæнадæмон мандаты хъахъхъæнынадмæ нæкæсгæйæ, атакæгонд æрцыдысты уæрæсейаг фидауынгæнджытæ дæр.

Цхинвалы хъахъхъæнджыты æмæ уæрæсейаг æфсады хъæбатырдзинады фæрцы гуырдзиаг æфсæдтæн нæ бантыстис сæ тугæйдзаг операци «Сыгъдæг быдыр» сæххæст кæнын.

Агрессоры сабырдзинадмæ æркæныны фæдыл Уæрæсейы хицауады операци ауадзыны уынаффæ, кæцы ист æрцыд ИНО-йы уставмæ гæсгæ, хуссарирыстойнаг адæмы канд бынтон фесафынæй нæ бахызта, фæлæ ма ссис историон рæстдзинад сног кæныны акт, Уæрæсейы Федерацийы æгæрондзинады, йæ субъектондзинад æмæ хæдбарады æвдисæн.

2008 азы майрæмты мæйы хæсты сæйрагдæр фæстиуæг ссис Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинады банымад, æркодта Фæскавказы ног геополитикон реалитæм.

Ацæугæ азтæм нæкæсгæйæ, фæмардуæвджытыл хъынцым нæ сабыр кæны. Æгæр стыр уыд хуссарирыстойнаг адæмæн сæ сæрибары сæраппонд тохы аргъ, æгæр бирæ адæм фæхъуыдысты уыцы тохы. Абон Хуссар Ирыстон мысы гуырдзиаг фыдракæнд режимы амæттæгты рухс нæмттæ æмæ ногæй сиды, цæмæй ацы трагедийы аххосджынтæ æмбæлон æфхæрд баййафой.

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 7-æм бон

 

 

07.08.2024