Арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ юбилейы цытæн

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ юбилейы цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Де стыр профессионализм æмæ хисæрмагонд миниуджытæ нысан кæнгæйæ, фæнды мæ бахахх кæнын Уæрæсейы къухдариуæгады æддагполитикон курс реализаци кæныны, ныры зын уавæрты хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг политикон æмæ дипломатон ахастыты размæдзыды хъуыддаджы дæ архайд. 

Стыр æхцондзинадимæ нысан кæнын æддагполитикон уагдæтты æмархайд æмæ, уавæрæй пайда кæнгæйæ, æрвитын дын бузныджы ныхæстæ де ‘ппæтварсон æххуысы тыххæй».

06.08.2024