Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Мысæн боны охыл нотæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ

Южная Осетия и Абхазия

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Мысæн боны охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста нотæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ. 

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«1992 азы майрæмты мæйы 14-æм бон цы трагикон цаутæ райдыдтой, уыдон абхазаг адæмы зæрдæты æнустæм баззайдзысты æнæбайгас хъæдгомæй. Тугæйдзаг тохы хъайтардзинад, патриотизм равдисгæйæ, Апсныйы адæм бахъахъхъæдтой сабырæй, сæрибарæй цæрыны бар. 

Ацы зæрдылдарæн бон Хуссар Ирыстоны адæм хъынцъым кæнынц Абхазы фæмардуæвæг цæрджытæ æмæ хъахъхъæнджыты хиуæттимæ иумæ æмæ сæ сæртæ ныллæг къул кæнынц сæ рухс ном мысгæйæ».

 

14.08.2024