Сусæны мæйы 21-æм бон Манагуайы, Никарагуамæ балцы фæлгæтты, ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Республикæ Никарагуайы Президенты Уынаффæгæнæг инвестицитæ, базарад æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады фæдыл Лауреано Ортега Мурильоимæ.
Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим.
Никарагуайаг адæмæн ахæм ахсджиаг бæрæгбоны хайад райсыны тыххæй Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта æмæ банысан кодта, нæ бæстæты ‘хсæн æмгуыстады рæстæджы кæй сæвзæрдысты хæларадон ахастытæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц æууæнкдзинадыл.
Лауреано Ортега дæр бузныджы ныхæстæ загъта Джиоты Æхсарæн Сандинистон революцийæ 45 азы рацыды цытæн мадзæлттæм йæ балцы фæдыл Никарагуамæ æмæ банысан кодта, Никарагуайы кæй аргъ кæнынц Хуссар Ирыстонимæ ахастытæн. Афтæмæй ма Президент Даниэль Ортега æмæ Вице-президент Росарио Мурильойы номæй раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн. Уымæй дарддæр ма уазджытæн радзырдта бæстæйы базарадон-экономикон гæнæнты тыххæй.
Дыууæ фарс дæр банысан кодтой дывæрсон ахастыты хорз размæдзыд æмæ сæ ныфс ис, дырддæр дæр иумæйаг æнтысджын куыст кæй цæудзæн, цæмæй дыууæ бæстæйы ахастытæ уæрæх кæной.
Фембæлд цыд хæларадон уавæры.
Цхинвал, 2024 азы сусæны мæйы 22-æм бон