Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференцийы фæдыл

Пресс-конференция Министра иностранных дел РЮО А.М. Джиоева

Майрæмты мæйы 6-æм бон РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференци.

Пресс-конференцийы сæйраг темæ уыд Республикæ Наурумæ кусæгон балц, цыран хуссарирыстойнаг делегаци хайад райста Сандинистон революцийы уæлахизæй 45 азы рацыды охыл цытджын мадзæлтты.

Афтæмæй ма Джиоты Æхсар радзырдта балцы фæлгæтты Никарагуайы хицауадимæ фембæлдтыты фæдыл, цыран æрдзырдæуыд дывæрсон æмгуыстады дарддæры размæдзыд æмæ райрæзтыл.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма Джиоты Æхсар сдзуапп кодта журналистты фарстатыл.

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 6-æм бон     

06.08.2024