Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн Курскы облæсты атакæйы фæдыл

МИД Южной Осетии

Майрæмты мæйы æхсæзæм бон киевы режим сарæзта Курскы облæсты террористон атакæ, Украинæйы гæрзифтонг тыхтæ æрбабырстой, цæмæй бацахсой Суджаны районы территори. 

Ацы фыдракæнд архайдтыты фæстиуæгæн ис адæймаджы зиæнттæ, се ‘хсæн цæрджытæ дæр, ныппырх сты бæстыхæйттæ. 

Уæрæсейаг хæстонтæ УФ-йы Æдасдзинады федералон службæимæ иумæ иуварс кæнынц украинæйы хицæн гæрзифтонг арæзтадты Курскы облæсты территоримæ мидæмæ бахизыны фæлварæнтæ.

Нæ хъус æрдардтам уымæ, æмæ ацы фыдракæнд кæй цæуы 2008 азы майрæмты мæйы трагикон бонты. Æхсæрдæс азы размæ Саакашвили радта Хуссар Ирыстон æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты сатакæ кæныны фæдыл бардзырд. Уыимæ иумæ Курскы областмæ æрбабырсты æппæты активон хайад исы афтæ хуыйнæг «Гуырдзиаг легион», кæцы сырæзт гуырдзиаг æмбæстæгтæй, уыдон нымæцы 2008 азы ирон адæмы марджытæ дæр. 

Бæрæг у, 2008 азы æмæ абоны бон Курскы облæсты цаутæн уæвæн нæ уыдаид Саакшвили æмæ Зеленскийы режимæн «коллективон Ныгуылæны» бæстæтæ хæстон-политикон æххуыс куыннæ кодтаиккой, уæд. 

Хуссар Ирыстон, гуырдзиаг национализмы фæстиуджытæ бавзаргæйæ, у Курскы облæсты киевы режимы провокацийы ныхмæ æмæ радон хатт хъусын кæны, кæй у Уæрæсейы Федерацийы уынаффæ Донбассы цæрджыты бахъахъхъæныны фæдыл сæрмагонд хæстон операци ауадзыны ‘вварс. 

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 9-æм бон                                    

09.08.2024