Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари ИНО-йы Æдасдзинады советы къорд бæстæтæ-уæнгты фидиуæны фæдыл

МИД Южной Осетии

Хъыгагæн, къорд бæстæйы афтæ хуыйнæг «коллективон Ныгуылæны» ‘вварс балæууынæн трансляци кæнынц мæнг тезистæ. Сæрмагондæй, ИНО-йы цур Мальтæйы постминæварады хæдивæг Ф.Гати цалдæр паддзахад – ИНО-йы Æдасдзинады советы уæнгты номæй раныхас кодта коллективон фидиуæнимæ, цыран Хуссар Ирыстон æмæ Абхази нысангонд æрцыдысты Гуырдзыстоны территорийы сконды.

Ахæм фидиуæнтæ чи кæны, уыдонæн та радон хатт зæрдыл лæууын кæнæм 2008 азы майрæмты мæйы фæстæ регионы сæвзæргæ геополитикон уавæр райсыны æнæмæнгдзинад. Республикæ Хуссар Ирыстон дæр æмæ Республикæ Абхаз дæр сты хæдбар, Уæрæсейы Федераци æмæ æндæр бæстæтæ – Иугонд Нациты Организацийы уæнгтæй банымад паддзахадтæ, æмæ сæ суверенон статус бынтондæр дызæрдыккаг нæу.

Хуссар Ирыстон æмæ ирон адæмæн 2008 азы майрæмты мæйы трагикон бонты рæстæджы ахæм фидиуæнтæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы, уæрæсейаг фидауынгæнджыты ныхмæ гуырдзиаг хицауады хæстон фыдракæндты басусæг цæуынц кæрæдзийы ныхмæ. Ницæй Гуырдзыстоны «оккупацигонд территоритæ» нæй, нæдæр уыд «уæрæсейаг æрбабырст» æмæ рацæугæ 16 азы – фаг рæстæг ацы факттæ бамбарынæн æмæ уæвæг æцæгдзинад райсынæн.

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 16-æм бон

16.08.2024