Арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хильмæ райгуырæн боны цытæн

Ахсар Джиоев и Иван Хиль

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хильмæ райгуырæн боны цытæн.   

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дæ бæстæйы æцæг патриот æмæ æмбæстаг уæвгæйæ, бирæазон бæрнон куысты рæстæджы ды снывонд кодтай дæхи дæ бæстæ æмæ адæмæн, цытджын Симон Боливары принциптæн.  

Де стыр профессионализм æмæ хисæрмагонд миниуджытæ нысан кæнгæйæ, фæнды мæ бахахх кæнын дæ принципиалондзинад ныры зын уавæры Венесуэлæйы æддагполитикон курс реализаци кæныны хъуыддаджы.  

Стыр æхцондзинадимæ нысан кæнын æддагполитикон уагдæтты æмархайд, уæлдайдæр, Хуссар Ирыстонæн Венесуэлæимæ ахастыты æппæтварсон размæдзыды ахсджиагдзинад. Паддзахадты суверенон æмсæрады бындурыл бирæполярон дунеарæзтад æмæ адæмы бартæн кад кæныны принциптыл бындуриуæг кæнгæйæ, Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæ хæст сты иухуызон хъуыдыйыл».    

 

15.08.2024