Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвиг Джентске Уайтэйкермæ Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны фæдыл.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Ахæм бæрнон паддзахадон бынатмæ снысан дзурæг у бæстæйы уæлдæр къухдариуæгады ‘рдыгæй æууæнк æмæ дæ профессионалон архайдæн стыр аргъ кæныныл.
Ныфс дарын, æмæ дæ дипломатон фæлтæрддзинад, хисæрмагонд æмæ куысты миниуджытæ ахъаз уыдзысты Республикæ Никарагуайы æддагполитикон интерестæ хъахъхъæныны фæдыл ахсджиаг хæстæ скъуыддзаг кæнынæн».