Арфæйы фыстæг Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн

Южная Осетия и Венесуэла

Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Венесуэлæ ссис, æхсæнадæмон аренæйы Хуссар Ирыстоны фарсмæ фыццаг чи æрбалæууыд, уыцы бæстæтæй иу. Уыцы къахдзæфæй равдыста, хуссарирыстойнаг адæмæн кæй ис сæ фыдæлты зæххыл сæрибарæй æмæ сабырæй цæрыны бар. 

Цытджын Команданте Уго Чавесы сæргълæудæй Венесуэлæйы къухдариуæгады уынаффæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæдыл радон хатт равдыста боливариайнаг адæмы хъæддыхдзинад, афтæмæй ма Венесуэлæ кæй у æхсæнадæмон барады принциптæ æмæ нормæтæ, рæстдзинад, сабырад æмæ демократион размæдзыдыл хæст».

Ацы ахсджиаг боны фæдыл ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесмæ. 

 

10.09.2024