Арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Бассам ас-Саббагмæ САР-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министрæй снысан кæныны тыххæй

Ахсар Джиоев и Бассам ас-Саббаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Бассам ас-Саббагмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министрæй снысан кæныны тыххæй. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Бæстæйы къухдариуæгады уынаффæ ахæм бæрнон паддзахадон бынатмæ снысан кæныны фæдыл дзурæг у дæ профессионалон миниуджытæ, бирæазон дипломатон архайдæн стыр аргъ кæныныл. 

Фидарæй мæ уырны, дæ куырыхондзинад, фæлтæрддзинад, хисæрмагонд æмæ хъуыддагон миниуджытæ ахъаз уыдзысты, цæмæй æнтысджынæй скъуыддзаг кæнай Сирийы æддагполитикон интерестæ хъахъхъæныны фæдыл ахсджиаг хæстæ».

 

25.09.2024