Абон Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц ахсджиаг паддзахадон бæрæгбон – Республикæ расидыны бонæй 34 азы рацыд.
1990 азы рухæны мæйы 20-æм боны Советон Цæдисы сконды Хуссар-Ирыстойнаг Советон Демократон Республикæйы паддзахадон суверенитеты фæдыл Деклараци æрæвæрдта фидар бындур суверенон паддзахады арæзтадæн. Ацы къахдзæф бындуриуæг кодта нацийы хæдуагæвæрды бартыл – историон рæстдзинад сног кæнын, наци бахъахъхъæнын скуынæг кæнынæй.
Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоныл рæзгæ политикон æмæ тыхон æндæвдады уавæрты паддзахаддзинады сырæзт æнцон хъуыддаг нæ уыд. Разæй уыдысты бирæ зындзинæдты æмæ тохы азтæ.
Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады рæзты фæндаг кæд зын уыд, бирæ зиæнттимæ, бахъуыд дзы æгæрон хъæбатырдзинад, уæддæр хуссарирыстойнаг адæмæн бантыст, сæ хъысмæт сæхи къухтæй скъуыддзаг гæнгæйæ, сæрибар бæстæйы сæрибар адæм суæвын.
Уæззау рæстæджыты нæ адæм æвдыстой æгæрон куырыхондзинад, хъæбатырдзинад æмæ фидæны фæлтæрты раз бæрндзинад. Æнгомдзинады фæрцы нæ адæмæн бантыст хæсты тухиты сæрты ахизын.
Паддзахаддзинад райсыны фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстонæн байгом сты социалон, политикон æмæ экономикон размæдзыды фæндæгтæ, бахъахъхъæдта йæ мадæлон æвзаг æмæ культурæ.
Абоны бон мах стыр цытимæ мысæм нæ адæмы аккаг минæвæртты, кæцытæ лæууыдысты хуссарирыстойнаг паддзахаддзинады ратæдзæнты, кæцытæ йæ паддзахадон структурæтæн æвæрдтой бындур, бахастой стыр хайбавæрд йæ ахуырад æмæ размæдзыдмæ.
Цхинвал, 2024 азы рухæны мæйы 20-æм бон