Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар аль-Джаафариимæ

Встреча Ахсара Джиоева с Башаром аль-Джаафари
Встреча Ахсара Джиоева с Башаром аль-Джаафари

Рухæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар аль-Джаафариимæ, кæцы делегацийы сæргъ æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны бонæй 34 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ.

Фембæлды ма хайад райстой Нофаль Кальтум – Уæрæсейы Федерацийы Уæвæг Сириаг Араббаг Республикæйы Минæварады кусæг æмæ Санахъоты Алексей – РХИ-йы ФХъМ-йы фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады сæрдар.

Джиоты Æхсар раарфæ кодта уазджытæн æмæ сын бузныг загъта, кæй æрцыдысты Хуссар Ирыстоны адæмæн ахæм ахсджиаг бæрæгбонмæ.

Башар аль-Джаафари раарфæ кодта Джиоты Æхсарæн бæрæгбоны цытæн æмæ йæ зæрдæ загъта хуссарирыстойнаг адæмæн сабырад æмæ фæрныгады фæндиæгтæ.

Ныхасы рæстæджы дыууæ фарс дæр æрдзырдтой Цхинвал æмæ Дамаскы ‘хсæн алыхуызон æмвæзадыл æмархайд æмæ æмгуыстады фарстатыл, банысан кодтой сæйраг регионалон æмæ глобалон проблемæтæм иухуызон ахаст, афтæмæй ма Хуссар Ирыстон æмæ Сири кæй сты хæст æхсæнадæмон барады бындурон принциптыл.

Ныхасы рæстæджы дыууæ фарс дæр равдыстой сæ цæттæдзинад хæларадон хуссарирыстойнаг-сириаг ахастыты дарддæры фидаркæнынадмæ.

Цхинвал, 2024 азы рухæны мæйы 20-æм бон

20.09.2024