Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари Гуырдзыстоны партийы фидиуæнты фæдыл

Комментарий МИД РЮО

Бæрæг куыд у, афтæмæй æрæджы Гуырдзыстоны уæвæг «Гуырдзыстоны фæнд»- ы кадджын къухдариуæггæнæг Бидзина Иванишвили йæ раныхасы банысан кодта, 2008 азы майрæмты мæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстоны агрессийы тыххæй хуссарирыстойнаг адæмæй хатыртæ ракурыны æнæмæнгдзинад. Бирæ рæстæг нæ бахъуыд æнхъæлмæ кæсын, æмæ раныхас кодта бæстæйы хицауады сæрдар Ираклий Кобахидзе, кæцы банысан кодта, бынтондæр никæй фæндты кæй нæй хатыртæ курын, уый. 

Уыимæ иумæ Кобахидзе йе ‘мбæстæгты, кæцытæ хæцыдысты Хуссар Ирыстоны цæрджыты ныхмæ, нымайы хъайтартыл, æмæ сæ зæхх цы ирæтттæ хъахъхъæдтой, уыдоны та лæгмартыл. Кобахидзейы ахæм позици дзуапп дæтты Гуырдзыстоны уæвæг æцæгдзинад зыгъуыммæ æмбарыны тенденцийæн. 

Гуырдзыстоны æрцæугæ парламентон æвзæрстыты рæстæджы гуырдзиаг-ирон ахастыты темæ æнæмæнгæй дæр пайда цæудзæнис. Фæлæ Гуырдзыстоны уыцы бæрæг бæлвырд рæстæг цы политикон уавæр сæвзæрд, уымæ бынтондæр ницы бар дары ахастытæ æрбæстон кæныны хъуыддаг.  

Хъыгагæн, Гуырдзыстоны политикæ æмæ гуырдзиаг политиктæ 1920, 1989-2004, æмæ 2008 азты ирон адæмы историйы æгæр бирæ æнæбайгас хъæдгæмттæ ныууагътой.

Абоны бон уал æвзæрстыты размæ цы хъуыдытæ цæуынц загъд, уыдонæн фæстæдæр хъуамæ уа практикон къахдзæф.  

Æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй Иванишвилийы ныхæсты рæстдзинады æвдисæн уа юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ, кæцыйы фæрцы Гуырдзыстонæн нæ уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы ныхмæ тыхæй спайда кæныны бар. 

Хуссар Ирыстоны размæдзыды политикон здæхт – историон æгъдауæй æвзæрст хъуыддаг, кæцыйы сæйрагдæр у Уæрæсейы Федерациимæ æмцæдисон æмæ интеграцион бастдзинæдты æппæтварсон размæдзыд. Уæрæсе та у регионы сабырад æмæ æдасдзинады гарант, кæцыйы территорийыл цæры ирон адæмы фылдæр хай.  

Цхинвал, 2024 азы рухæны мæйы 17-æм бон

17.09.2024