Арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвиг Джентске Уайтэйкермæ Республикæ Никарагуайы Хæдбардзинады боны цытæн

Южная Осетия и Никарагуа

Республикæ Никарагуайы Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вальдрак Людвиг Джентске Уайтэйкермæ. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Никарагуайы дæргъвæтин историйы 1821 азы рухæны мæйы 15-æм бон у уæлдай вазыгджын æмæ бындуриуæг кæны адæмы тырнындзинадыл сæрибармæ, сæ историйæн кад кæнын æмæ ног фæлтæрты хорз фидæныл ныфс дарыныл. 

Зын рæстæгмæ нæкæсгæйæ, Никарагуа фидарæй цæуы, дыууæ сæдæ азы размæ цы сæрибардзинад, сабырад æмæ хæдбардзинады фæндаг равзæрста, ууыл. Æнтысджынæй кæны социалон-экономикон æмæ политикон куыст, æхсæнадæмон аренæйы фидарæй хъахъхъæны йæ интерестæ».

Республикæ Никарагуайы Хæдбардзинады боны цытæн ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехиямæ.

15.09.2024