Рухæны мæйы 17-æм бон æххæст кæны 16 азы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл Бадзырды бафыстыл. Ахсджиаг бадзырд ссис дыууæ бæстæйы æхсæнпаддзахадон ахастытæ бæрæг кæныны фыццаг ахæм бындурон документ, кæцыйы ис нæ бæстæты ‘хсæн политикæ, экономикæ, энергетикæ, хæстон-техникон æмгуыстад, зонад, культурæ, ахуырад, информаци, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ æндæр фадгуыты стратегион партнерады бындуртæ.
Ивгъуыд азты дывæрсон æмгуыстадæн арæзт æрцыд фидар барадон бындур, кæцыйы мидæг ис 2015 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бонæй Æмцæдис æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд дæр. Æрбæстон уæрæсейаг федералон уагдæтты æмархайды механизм хуссарирыстойнаг партнертимæ. Цæуы республикæйы закъондæттынады уæрæсейагимæ унификацийы фæдыл активон куыст. Абоны бон æмахастыты æппæт фадгуыты дæр архайы 130 документæй фылдæр, кæцыты фæрцы ис дывæрсон æмархайды сæйрагдæр здæхтыты æнæрлæугæ диалог уадзыны фадат.
Æнæдызæрдыгæй, документ у историон. Ацы Бадзырды фæрцы Уæрæсе ссис Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны, æмтгæй райсгæйæ, регионы æндыгъд уавæр ма фæкарздæр кæныны гарант. Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц Фæскавказы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ Уæрæсейы хайбавæрдæн.
Цхинвал, 2024 азы рухæны мæйы 17-æм бон