Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары интервью газет «Южная Осетия»-йæн (æххæст верси)

Ахсар Джиоев

- Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон РХИ-йы ФХъМ-йы сырæзтыл æххæст кæны 32 азы. Æхсар Мураты фырт, абоны бон Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйæн цы хæстæ сты сæйрагдæртæ? Цавæр сты уагдоны пълæнттæ æввахс рæстæгмæ?

- Республикæ Хуссар Ирыстоны Æддагон бастдзинæдты министрад фæстæдæр ивд æрцыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ, æмæ у паддзахадон органтæй иу, кæцы арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинадæн бындур æвæрыны рæстæджыты. Уый дзурæг у æддагполитикон уагдоны ахсджиагдзинадыл. Уæды рæстæджы паддзахады уавæр уыд уæззау: Советон Цæдис ныппырх, Гуырдзыстоны хæстон агресси Хуссар Ирыстоны ныхмæ дарддæр цыд, æвзонг паддзахад уыд экономикон, транспортон æмæ информацион æрхъулайы. Ацы цауæй чысыл раздæр, 1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон, æрцыд Хуссар Ирыстоны ног историйы æппæты трагикон æмæ тугамæхстдæр цаутæй иу – Зары трагеди. Гуырдзиаг хæстонтæ æгъатырæй фехстой Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ Зары фæндагыл сæ цард фервæзын кæнынмæ цы цæрджыты колоннæ цыд, уый. 1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон, горæт Цхинвалы æнæрлæугæ æхстыты рæстæджы Уæлдæр Совет райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны фæдыл акт, кæцы ссис Республикæйы хæдбар паддзахаддзинады æхсæнадæмон-барадон æмæ политикон документ. 

Стыр æхцондзинадимæ пайда кæнын уавæрæй æмæ бузныджы ныхæстæ дзурын ацы историон процессы хайадисджытæн, уæлдайдæр, Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон службæйы ратæдзæнты цы дипломаттæ лæууыдысты, уыдонæн. 

Абоны бон уагдоны раз лæууæг хæслæвæрдтыл куы дзурæм, уæд банысан кæндзынæн, раздæрау кæй сты здæхт регионы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны фæдыл уавæртæ саразынмæ, паддзахады æдасдзинад сфидар кæнынмæ, фæсарæнты Республикæйы интерестæ хъахъхъæнын æмæ размæ кæнынмæ. 

2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта æмæ дывæрсон æхсæнпаддзахадон ахастытæ куы сфидар сты, уæд хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдоны куысты дæр райдыдта ног афон. 

Æнæдызæрдыгæй, нæ куысты ахсджиагдæр здæхт у Уæрæсейы Федераци æмæ йæ субъекттæ, фыццаджыдæр, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланиимæ æмархайды уæрæхкæнынад æмæ размæдзыд. Уый у историон æгъдауæй сфидаргонд процесс. 

Бæрæг у, æмæ дунейы ныры зын геополитикон уавæрты æмбæлæм ног зындзинæдтæ æмæ цæлхдуртимæ, уый фæдыл уæлдай аргъ кæнæм æндæр бæстæтимæ сæвзæргæ ахастытæн æмæ уæхскуæзæй кусæм сæ дарддæры фидаркæнынад æмæ размæдзыдыл. 

Министрады мидпроцесстыл куы дзурæм, уæд нысангонд æрцыдысты уагдоны куыст фæхуыздæр кæныны фæдыл здæхтытæ. Кадрты 'хсæн æмæ структурон ивындзинæдтæ ныридæгæн дæр æрцыдысты. Закъоны фæлгæтты тагъд рæстæджы расидт æрцæудзæн Министрады кадрон резервмæ бакæныны фæдыл конкурс. 

Ацы аз æххæст кæны 16 азы РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы интеграцийы æмвæзад, уый нымæцы регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сфидар кæныны фадыг дæр, цавæр у?

- Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн интеграцион процессты размæдзыд æнæмæнгхъæуæг у социалон, экономикон æмæ гуманитарон фадгуыты, æддагон политикæйы, афтæмæй ма хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фарстаты æнгом æмархайдæн. Дунейы сæвзæргæ хæстон-политикон æндыгъддзинад хынцгæйæ, уый у уæлдай ахсджиаг. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн цы иумæйаг хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады тыгъдад сырæзт, уый у регионы сабырад æмæ стабилондзинады гарант. Уæрæсе æххуыс кæны Республикæйы социалон-экономикон райрæзты фæдыл инвестицион программæйы фæлгæтты дæр. 

Æххæстæй 16 азы нæ рацыд, фæлæ фидарæй ис зæгъæн, æмæ хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмархайд æнтысджын у. Абоны бон дывæрсон бадзырдон-барадон бындуры ис 130 алыхуызон документæй фылдæр, сæ нымæцы бындуронтæ: 2008 азы рухæны мæйы 17-æм бонæй Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл Бадзырд æмæ 2015 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бонæй Æмгуыстад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд. 

Æнтысджынæй размæ цæуы æмгуыстад æхсæнуагдонон æмархайды хаххыл дæр. Дывæрсон ахастыты размæдзыд æппæтварсонæй дзуапп дæтты нæ национ интерестæн æмæ, куыд æй загътон, ахъаз у регионы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæнынæн. 

Сæйрагдæрыл нымайæм нæ паддзахадты ‘хсæн æппæт фадгуыты дæр дывæрсон ахастыты дарддæры райрæзты хæс.  

Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон (ÆУТ) æмæ адæймаджы барты фæдыл Европæйы тæрхондоны (АБЕТ) уынаффæтæ дисы æфтауынц сæ иуварсон позицийæ. Куыд аргъ кæныс уымæн?

- Демократон дунейы паддзахад куы сараза æндæр паддзахады ныхмæ фыдракæнд, уый хъуамæ дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй æнæ хъусдардæй ма баззайа, паддзахад-фыдгæнæг æфхæрд кæй хъуамæ баййафа, ууыл нал дзурæм. Фæлæ, хъыгагæн, æхсæнадæмон барад уынын кæны бынтон зыгъуыммæ архайд, кæцыйы хаттæй-хатт рæстдзинадæн бынат нæ вæййы. Бынтондæр растыл нæ нымайæм уый, æмæ иу адæмæн сæ бартæ банымайын, иннæтæн та уыцы хъуыддаджы нæйы зæгъын. 

Хуссар Ирыстоны европæйаг барадмæ æууæнк кæронмæ фесæфт Хуссар Ирыстонæн трагикон 2008 азы майрæмты мæйы фæдыл рахаст уынаффæты фæстæ. Сæрмагондæй, Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны «рæстдзинады» тыххæй дзуры уыцы факт, æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийы фæдыл тæрхонгæнджытæ цыдæриддæр дызæрдыггаг уынаффæтæ рахастой, уыдон иууылдæр хауынц æрмæстдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæм. Гуырдзыстоны æдзухон æфсад цы уæззау хæстон фыдракæндтæ фæкодта Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрджыты ныхмæ, уыдон, хъыгагæн, Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны прокурорты нæ бацымыдис кодтой. Æппæт уыцы фыдракæндтæ фидаргонд сты бирæтомон документты.  

Адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл æнгæс здæхтæй пайда кæны Адæймаджы барты фæдыл европæйаг тæрхондон (АБЕТ), кæцытæ исгæ дæр нæ ракодтой Гуырдзыстоны хæстон агресси бавзарæг Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты исктæ. Æмæ уый цытджын Хайди Тальявинийы сæргълæудæй Европæйаг Къамис документалон æгъдауæй Ирыстонмæ Гуырдзыстоны æрбабырсты фактмæ нæкæсгæйæ. 

Афтæ архайгæйæ, æхсæнадæмон барад йæхæдæг йæхи тигъ кæны авторитетæй, æмæ мах та – йæ рæстдзинад æмæ объективондзинадыл æууæнкæй. 

- Цы цæстæй кæсыс Хуссар Кавказы цаутæ æмæ уавæрмæ æмткæй райсгæйæ?

- Хуссар Кавказ кæд стыр территори нæ ахсы дунейы картæйыл, уæддæр æхсæнадæмон интерес нæ регионмæ æгæрон у. Регионы, кæцыйы ныхæй-ныхмæ слæууыдысты дунейон политикæйы стырдæр акторты стратегион интерестæ, йæхæдæг дæр у зын геополитикон фæзуат. 

Лæмбынæгæй нæ хъус дарæм регионы æндæр паддзахадты æрцæугæ цаутæм, уыдон нымæцы Гуырдзыстоны уавæрмæ дæр, цыран ис фенæн æндæр бæстæты фæлварæнтæ уавæрыл бандавынмæ. Тынг хорз æмбарæм абоны бон цы цæлхдуртæ ис æмæ сомбон цæимæ фембæлдзыстæм. Уый фæдыл нæ сæйрагдæр хæс уынæм активон куыст дарддæр кæныны, кæцы здæхт у регионалон æдасдзинад æмæ стабилондзинады уæвæг конструкци бахъахъхъæныны æмæ сфидар кæныны хъуыддагмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинады иунæг гарант – Уæрæсейы Федерациимæ æнгом æмархайдимæ иумæ. 

- Дæ интервьютæй иуы банысан кодтай, СНГ-йы бæстæтимæ æмгуыстад – æдагполитикон ахастыты размæдзыды раст здæхт. Уыцы фадыджы ис цавæрдæр бæстон куыст? Хуссар Ирыстонæн цы перспективæтæ ис Уæрæсе æмæ Беларусы Цæдисон паддзахадимæ ахастытæ сфидар кæныны хъуыддаджы?

СНГ-йы тыгъдады регионалон интеграцион арæзтады хъуыддаджы сæйраг тых Уæрæсейы Федераци кæй у, уый тыххæй, мæнмæ гæсгæ, дзурын дæр нæ хъæуы. Уымæй дарддæр ма мах СНГ-йы бæстæтимæ иу кæнынц бирæ цыдæртæ – истори, традицитæ, культурæ, менталитет, уырыссаг æвзаг. 

Бирæ бæрцæй уый мидæг ис Хуссар Ирыстоны хъусдард фæссоветон тыгъдады интеграцион процессты уæрæхкæнынады, афтæмæй ма СНГ-йы фæлгæтты архайгæ структурæтимæ ахастытæ сфидар кæныны хъуыддагмæ. Бæрæг у, æмæ уыцы процесс тагъд нæу, уымæн æмæ баст у бирæ зын политикон аспекттимæ. Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисон паддзахадыл дзургæйæ, банысан кæндзынæн уый, æмæ ам дзырд цæуы, фыццаджыдæр, ахастытыл экономикон, культурон æмæ гуманитарон фадгуыты. 

Координаци кæнæм нæ уæрæсейаг коллегæтимæ куыст æмæ сын уынæм се ‘ххуыс æмæ архайд дæр. Уый уæлдай ахсджиаг у дунейы ивгæ политикон уавæр æмæ геополитикон ивындзинæдты рæстæджы, кæцытæм хъæуы бæстон æркаст. 

- Йæ актуалондзинад нæ сафы Женевæйы дискусситы эффективондзинады фæдыл фарста. Цы цæстæй кæсыс дискусситы конструктивондзинадмæ ацы форматы?

- Иу æмæ дыууæ хатты нысангонд не ‘рцыд Женевæйы дискусситы ахсджиагдзинад, кæй сты абоны бон Хуссар Ирыстонæн иунæг ахæм æхсæнпаддзахадон бынат, цыран комкоммæ нæ интерестыл æндавы сæ цыд. Хъыгагæн, дискусситæн альтернативæ ныма нæй. Уымæй дарддæр ма Женевæйы дискусситы фыццаг раундæй фæстæмæ ацы формат ссис уæвæг регионалон æдасдзинады сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны иуæг. Дискусситы хайадисджытæй кæцыфæндыдæр йæхи куы атигъ кæна ацы иуæгæй, уый нысан кæндзæн системæйы глобалон ивындзинæттæм цæттæдзинад, æмæ уыцы системæ та ахъаз у Хуссар Кавказы зын регионы сабырадæн. 

Уый фæдыл, уæзгæ фæстиуджытæ кæй нæй, уымæ нæкæсгæйæ, хуссарирыстойнаг фарс лæуд у дискусситæ дарддæр кæныны хъуыдыйыл. Фæлæ Швейцари кæй ахызт нейтралон æхсæнадæмон минæвары позицийæ, уый фæдыл нæ уæрæсейаг æмæ абхазаг коллегæтимæ иумæ хæст стæм иумæйаг актуалон хъуыдыйыл, цæмæй Дискусситæ хаст æрцæуой Женевæйæ æндæр, æцæг нейтралон фæзуатмæ. Ахæм уынаффæ æвæрццаг фарсæрдыгæй бандавид хайадисджыты куыстыл æмæ, сæрысуангæй, форматы хорз фæстиуджытыл. 

- Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон – Хуссарирыстойнаг дипломатийы бон. Дæ арфæтæ коллегæтæн. 

- Фæнды мæ раарфæ кæнын æппæт уыцы адæмæн, дипломатон службæимæ баст чидæриддæр у, кусы нæ бæстæйы хæрзиуæгæн ФХъМ-йы центрон аппараты æмæ йæ фæсарæйнаг уагдæтты. Мæ зæрдæ уын зæгъы æппæты хорз фæндиæгтæ, æнæниздзинад, сабырад, ног æнтыстытæ. Фæрнæйдзаг ут!

Арфæ уын кæнын! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

https://ugo-osetia.ru/obshhestvo/ahsar-dzhioev-sohranenie-mira-zashhita-i-prodvizhenie-interesov-respubliki-prioritety-mid

 

 

28.05.2024