Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары дзуапп ИА «Рес»-ы корреспондентæн Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы раныхас Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы бадзырдадты фæдыл

А.М. Джиоев

Фарста: Цы комментари ратдзынæ дзыллон информацион фæрæзты фарстайæн Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы ‘хсæн уæвæн кæмæн ис, ахæм бадзырдадты фæдыл дзуаппæн?

Дзуапп: Нью-Йорчы цæуæг ИНО-йы Генералон Ассамблейы 79-æм сессийы фæдыл пресс-конференцийы рæстæджы Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров, Гуырдзыстоны официалон минæвæртты фидыды фæдыл фидиуæнтæ комментари кæнгæйæ, банысан кодта, уый кæй скъуыддзаг кæнынц бæстæтæ сæхæдæг – Абхази æмæ Хуссар Ирыстон.

Хуссар Ирыстоны ‘рдæм Уæрæсейы ахаст 2008 азы майрæмты мæйæ фæстæмæ у æнæивгæ. Уæрæсейаг партнертæ æппæтварсонæй ахъаз сты Женевæйы дискусситы форматы баныхæсты процессы размæдзыдæн, афтæмæй ма Гуырдзыстоны ‘рдыгæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документы бафыстæн. Министр Лавров уый уæлдай хатт бахахх кодта.

Сыхаг Гуырдзыстонимæ фидæны ахастытæ бæстон кæныны фадатыл куы дзурæм, уæд Хуссар Ирыстоны цæстæнгас бæрæг у æмæ бирæ хатт æрцыдис загъд. Мах бындуриуæг кæнæм банымад паддзахады уæвæг статусæй.

 

29.09.2024