- Æхсар Мураты фырт, æддагполитикон уагдоны сырæзтæй рацыд 33 азы. Цавæр уыд Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдоны райрæзты фæндаг?
- Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдоныл æххæст кæны 33 азы æмæ йæ сырæзт æнгом баст у нæ паддзахады райрæзтимæ.
1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон РХИ-йы Уæлдæр Советы сессийы рæстæджы Республикæйы Хицауады сконды арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны Æддагон бастдзинæдты министрад, æмæ зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон та, 1992 азы тъæнджы мæйы 19-æм боны референдумы хатдзæгтыл бындуриуæг кæнгæйæ, райстæуыд Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акт.
Хуссар Ирыстоны дипломатийы рæзты фæндаг цыдис зын уавæрты. Æвзонг паддзахад лæууыд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй агрессийы ныхмæ, хъахъхъæдта йæ адæмы. Уыцы азты дипломатон службæйы кусджытæ уæзгæ хайбавæрд бахастой регионы сабырад, æвзонг паддзахады национ-паддзахадон интерестæ бахъахъхъæныны, афтæмæй ма Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны хъуыддагмæ.
Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадæй РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн райдыдта ног, ахсджиаг рæстæг, кæцы здæхт у бæстæйы социалон-экономикон рæзтæн аккаг уавæртæ саразынмæ, Хуссар Ирыстоны национ интерестæ, суверенитет хахъхъæнынмæ, фæсарæйнаг партнертимæ æмархайд сфидар кæнынмæ.
Историон фæлтæрддзинад дзурæг у паддзахадæн профессионалон дипломатон службæйы арæзты ахсджиагдзинадыл. Фæстиуæгджын дипломатон службæйы райрæзт у дæргъвæтин æмæ зын процесс. Хуссарирыстойнаг ФХъМ йæ къæхтыл лæууыд, национ дипломати фидар кодта æвзонг паддзахадимæ иумæ. Йæ разы лæууæг хæсты æмвæзад рæзт, домæнтæ фылдæрæй фылдæр кодтой.
Абон Министрад дарддæр кæны йæ райрæзты фæндаг, цæуы паддзахадон æмæ дипломатон службæйы нормативон бындур хуыздæр кæныны фæдыл куыст, се ‘хсæн РХИ-йы ФХъМ-йы фæсарæйнаг уагдæттимæ æмархайд дæр. ФХъМ-йы функцитæ æмæ архайд хъуамæ дзуапп дæттой нæ паддзахады æддагполитикон курсы нысæнттæ æмæ хæстæн.
Уæрæсейы раззагондæр дипломатон уагдæттæ (МГИМО(У) æмæ Дипломатон академи) æххуыс кæнынц Хуссар Ирыстонæн кадртæ цæттæ кæныны, афтæмæй ма Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы дипломатон кусджыты профессионализм фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы.
Ацы бон мах æнæмæнгæй æрымысæм Министрады æндæр æмæ æндæр азты чи куыста, æвзонг хæдбар паддзахады æддагон бастдзинæдтæ сфидар кæныны хъуыддаджы чи иста хайад, æппæт уыдоны. Бирæтæ дзы абон дæр æндæр æмæ æндæр фадгуыты фидарæй хъахъхъæнынц Республикæйы интерестæ.
Уавæрæй пайда кæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон службæйы райрæзты фæндагыл чи лæууыд, уыцы дипломаттæн мæ стыр æхцондзинадимæ фæнды зæгъын бузныджы ныхæстæ, æмæ мæ коллегæтæн та арфæ кæнын сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл!
- Цавæр у æддагон политикæйы здæхт абоны бон?
- Абоны бон æхсæнадæмон ахастытæ æвзарынц кризис, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны дипломати дарддæр æххæст кæны национ интерестæ хъахъхъæныны фæдыл æвæрд хæстæ, хæларадон ахастыты дарддæры æппæтварсон размæдзыд нæ стратегион партнер – Уæрæсейы Федераци æмæ йæ субъекттимæ, фыццаджыдæр РЦИ-Аланиимæ, ног дипломатон бастдзинæдтæ фидар кæнын.
Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон архайды ахсджиаг здæхт у, сæвзæргæ геополитикон уавæртыл бындуриуæг кæнгæйæ, сыхаг Гуырдзыстонимæ ахастытæ æрбæстон кæнын. Ам æнæмæнгыл нымайæм Фæскавказы Æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хайадист, цыран сæйраг фарста у Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны æдасдзинады гарантийы фæдыл документыл куыст.
Уæрæсейаг æмæ абхазаг коллегæтимæ æнгом æмархайды дарддæр кæнæм Гуырдзыстоны мидполитикон уавæрмæ нæ хъус дарын.
- Ацæугæ аз РХИ-йы æддагон политикæйы цы ахсджиаг цаутæ 'рцыд?
Куыд æй зонæм, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны ахсджиагдæр здæхтытæй иу уыд æмæ у Уæрæсеимæ æмгуыстад æмæ ахастыты дарддæры размæдзыд. Уæрæсе ис Хуссар Ирыстоны фарсмæ алы фадыджы дæр, ахъаз у Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн, Инвестицион программæйы фæлгæтты йæ социалон-экономикон размæдзыдæн. Зæрдæвæрæны мæйы 26-æм бон горæт Минеральные Водыйы Æхсæнхицауадон къамисы 23-æм рабадты рæстæджы æрдзырдæуыд 2022-2025 азмæ РХИ-йы Паддзахадон социалон-экономикон программæйы æмæ 2026-2030 азтæм паддзахадон программæйы фарстатыл.
Æнæдызæрдыгæй, ахсджиаг цау у Президент Гаглойты Аланы балц Мæскуымæ, цыран хайад райста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизæй 80 азы рацыды цытæн мадзæлтты, афтæмæй ма фембæлд УФ-йы Президент Владимир Путинимæ. Дунейы хæстон-политикон æндыгъдады уавæрты РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы фæхуынд æмæ йæ хайадист Уæлахизы бонæй 80 азы рацыды цытæн мадзæлтты махæн дзурæг у Уæрæсейы 'рдыгæй Хуссар Ирыстонæн æппæтварсон æххуысыл.
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы активон æмгуыстады ноджы иу дæнцæг ссис хуымгæнæны мæйы 19-æм бон дывæр æмбæстагады фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл ратификацийы грамотатæ кæрæдзимæ раттыны процесс. Зæрдæвæрæны мæйы 17-æм бон ацы фарста кæронмæ скъуыддзаг æрцыд – УФ-йы Президент Владимир Путин бафыста «Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагадмæ Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты райсыны фæдыл» Барамынд.
Фæнды мæ банысан кæнын уый, æмæ ацы аз сæххæст 10 азы РХИ æмæ РФ-йы 'хсæн Æмгуыстад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырдыл, кæцы дывæрсон æмархайдæн у фидар барадон бындур.
Дарддæр цæуы æнгом æхсæнпарламентон æмгуыстад Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн. Зæрдæвæрæны мæйы 15-æм бон Цхинвалы ацыд Хуссар Ирыстоны парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл Иумæйаг къамисы радон рабадт. Æрдзырдæуыд æмархайды фарстатыл, кæцыты реализацийы хъуыддаджы Хуссар Ирыстон ныфс дары уæрæсейаг фарсы æххуысыл.
Уыимæ иумæ махæн ахсджиаг у цы бæстæтæ нæ банымадтой, уыдонимæ хæларадон, æмбар ахастыты размæдзыд.
Æртхъирæны мæйы 27-æм бон Мæскуыйы сæмбæлдтæн Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияимæ. Фембæлды рæстæджы бафыстам Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Республикæ Никарагуайы Хицауады 'хсæн Бадзырд, кæцымæ гæсгæ дипломатон, официалон, службæйон æмæ фæсарæйнаг паспорттæ кæмæн ис, уыдонæн нæ хъæудзæн иу бæстæйæ иннæмæ ахизыны рæстæджы визæйон режим æххæст кæнын.
- Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй уæрæсейаг æмбæстагад кæмæн нæй, уыдонæн актуалон у УФ-йы арæны сæрты фæсарæйнаг æмбæстæгты ахызты ног уагæвæрдтимæ баст фарста. ФХъМ фехъусын кодта, уыцы проблемæйыл дзырд кæй цæуы уæрæсейаг фарсимæ.
Цавæр сты фæстиуджытæ?
- Æцæг дæр, 2024 азы джеоргуыбайы мæйы 7-æм бон йæ тыхы бацыд Уæрæсейы Федерацийы хицауады 1510-æм барамынд «О проведении эксперимента по апробации правил и условий въезда в Российскую Федерацию и выезда из Российской Федерации иностранных граждан и лиц без гражданства».
Ацы барамынды мидис у ахæм, æмæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ, арæны сæрты хизгæйæ, æнæмæнгæй хъуамæ рацæуой æнгуылдзты фæдтæ фæбæрæг кæныны процесс, сисой къамтæ, развæлгъау фехъусын кæной УФ-йы территоримæ æрбахизыны фæнд æмæ афтæ дарддæр. Хуссар Ирыстоны цæрджыты фылдæр хай сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ, уыдон арæны сæртыл хиздзысты сæрибарæй, ацы ног уагæвæрдтæ сæм ницы бар дарынц. Фæлæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæй алчи нæу Уæрæсейы æмбæстаг. Уыдонæн фæзындæр уыдзæн хуссарирыстойнаг паспортæй арæны сæрты хизын.
Æппæт уыцы цаутæ хынцгæйы, президент Гаглойты Аланы барамындмæ гæсгæ, ацы фарстыл хуыздæр бакуыстæуыд хуссарирыстойнаг хицауад, Парламент, Президенты Администрацийы ‘рдыгæй. Фарстайыл æрдзырдæуыд УФ-йы Президенты Администрацийы Къухдариуæггæнæгы Фыццаг хæдивæг С.В. Кириенкойы балцы рæстæджы Цхинвалмæ. УФ-йы ФХъМ-мæ арвыстæуыд бæрæг бæлвырд гæххæтт, цæмæй Хуссар Ирыстон уыцы хыгъдæй ист æрцæуа.
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн хæларадон ахастытæ хынцгæйæ нæ ныфс ис, уæрæсейаг фарс кæй æрцæудзæн алкæцы фарсæн дæр дзуапп чи дæтта, ахæм уынаффæмæ.
- Хурхæтæны мæйы ацæудзæн Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы 64-æм ранд. Цавæр у дæ хъуыды уый фæдыл?
- Æхсæнадæмон дискусситы сæйраг нысан у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинад бахъахъхъæнын. Ацæугæ Æхсæнадæмон дискусситы 63 раунды сæйрагдæр æнтыстыл банымайæн ис фæстаг 17 азы Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн комкоммæ ныхмæлæуд кæй нæй, уый. Абоны бон ацы формат махæн у Гуырдзыстонимæ комкоммæ диалогæн иунæг ахæм æхсæнадæмон фæзуат, кæцыйы Республикæ Хуссар Ирыстонæн ис йæ позицитæ хъахъхъæныны фадат. Йæ сырæзтæй фæстæмæ ацы формат ссис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады проблематикæйы фæдыл бирæварсон ныхасæн фидар фæзуат.
17 азы дæргъы Хуссар Ирыстон æмæ Абхази фæлварынц, цæмæй Гуырдзыстоны ‘рдыгæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон хæсджынгæнæг документ бафыстгонд æрцæуа. Ахæм документæн ис уæлдай ахсджиаг нысаниуæг Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады хъуыддаджы. Фæлæ йæ куыд уынæм, афтæмæй Гуырдзыстоны хицауад уымæ цæттæ нæу. Гуырдзиг фарсы хъусын дæр нæ фæнды æдасдзинад сфидар кæныны фарстатæм, æмæ æхсæнадæмон фæзуаттыл та уæвæг проблемæтæ скъуыддзаг кæныны бæсты парахат кæны политикон фарстатæ.
Уымæ нæкæсгæйæ, мах уæддæр нæ ныфс нæ сафæм, Гуырдзыстон кæй банымайдзæн уæвæг æцæгдзинад æмæ кæй рахиздзæн фæстиуæгджын диалогмæ, кæцы æнæмæнг у ахастытæ æрбæстон кæнынæн. Уымæ нæкæсгæйæ, мах уæддæр стæм ахæм хъуыдыйыл хæст, æмæ уæвæг форматы диалог кæй у æнæмæнг.
- Гуырдзыстоны арæзт æрцыд «Иугонд национ змæлд» цы фыдракæндтæ сарæзта, се ‘хсæн 2004 æмæ 2008 азты цаутæ дæр, уыдон сбæрæг кæныны фæдыл парламентон къамис. Цас раст уыдзæн къамисы куыст?
- 2024 азы Парламентон æвзæрстыты размæ «Гуырдзиаг фæнд» фехъусын кодта, æвзæрстыты уæлахиздзинады фæстæ кæй райдайдзæн барадон куыст, цæмæй парти «Иугонд национ змæлд» йæ бирæнымæц фыдракæнды тыххæй нымад æрцæуа æнæзакъононыл.
Æмæ æцæгæй дæр 2025 азы æртхъирæны мæйы арæзт æрцыд раздæры парти «Иугонд национ змæлд» цы фыдракæндтæ фæкодта, уыдон сбæрæг кæныны фæдыл рæстæгмæ парламентон къамис. Йæ архайдмæ йын нæ хъус лæмбынæгæй дарæм.
Къамис цас раст хатдзæгтæ рахæсдзæн, уый бæрæг уыдзæн йæ куысты фæстиуджытæм гæсгæ. Хуссар Ирыстонæн 2008 азы майрæмты мæйы трагеди уыдзæн æмæ у æнæбайгас хъæдгом, уый фæстиуæгæн фæмард сты сæдæгай бынæттон цæрæджы, уæрæсейаг æмæ ирон фидауынгæнæджы. Æнæдызæрдыгæй, хæстон агресси расидыны, Хуссар Ирыстонмæ æрбабырсыны фæдыл барамындтæ дæттыны, ирон адæмы геноцид аразыны хъуыддаджы чидæриддæр хайад иста, уыдон хъуамæ æфхæрд баййафой.
- Зæрдæвæрæны мæйы мах нысан кæнæм Хæдбардзинады акты райст – уый у РХИ-йы Хæдбардзинады бон дæр. Куыд бæрæг кæныс ацы документ æмæ политикон уынаффæмæ цы цаутæ ‘ркодтой, уыдон?
- Фидарæй ис зæгъæн, æмæ уый уыд Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад сæндидзыны фæндагыл æппæты ахсджиагдæр къахдзæфтæй иу.
Ацы политикон документы райст æрдомдта 90 азты уæвæг хæстон-политикон уавæр йæхæдæг, æмæ уыд Хуссар Ирыстоны адæмы бартæ æмæ сæрибардзинад, этнос бахъахъхъæнынæн иунæг амал. Хæдбардзинады акт здæхт уыд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй геноцидæй адæмы бахизынмæ.
Æз нымайын, æмæ куыд ацы сæйраг, афтæ адæмы хъысмæт скъуыддзаггæнæг æндæр документты райсты уæлдай ахсджиаг уыд фыццаг æрсидты депутатты лæмбынæг барадон куыст. Уый фæрцы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадæн ис æнæфæцудгæ юридикон бындур, кæцы фадат ратта Уæрæсейы Федераци æмæ æндæр бæстæтæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайынæн.
- Дзыллон информацийы фæрæзтæ бафиппайдтой Гаглойты Алан æмæ Александр Лукашенко куыд ныхас кæнынц кæрæдзиимæ, уый. СНГ-йы бæстæтимæ æмархайдыл куыст цæуы?
- Хуссар Ирыстонæн ахсджиагдæр здæхтытæй иу у Уæрæсе æмæ Беларусы Хæларадон паддзахадимæ ахастытæ сфидар кæнын. Республикæ Хуссар Ирыстон аразы бæлвырд къахдзæфтæ, цæмæй уæвæг бастдзинæдтæ сфидар уой æмæ ногтæ та фæзыной. Фыццаджыдæр, уыдон сты экономикон, культурон æмæ гуманитарон фадгуыты бастдзинæдтæ.
Мах цæттæ стæм белорусаг коллегæтимæ ахастытæ сфидар кæнынмæ, се ‘хсæн Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисон паддзахады структурæтимæ æмархайды размæдзыд дæр. Фидарæй мæ уырны, фидæны уавæр кæй фæивдзæн æмæ нæ ахастытæ кæй рахиздзысты ног æмвæзадмæ. Тырндзыстæм уымæ.