Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. дзаупп ИА ТАСС-ы корреспондентæн

- Цавæр сæйраг фарстатыл цæудзæн дзырд, 13-14 декабры Женевæйаг дискусситы цы радон раунд хъуамæ уа, уым?

- Ног къуыри радон раунды агъоммæ æнхъæлмæ кæсæм Женевæйаг дискусситы æмсæрдæртты делегацийы æрцыдмæ.

Æрæджы телефоны ныхас кодтам Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Даур Ковеимæ. Æрдзырдам Женевæйаг дискусситы рæстæджы нæ иумæйаг тактикæйыл, фыццаджыдæр тыхæй ма спайда кæныны фарстатыл. Архайдзыстæм, цæмæй хайадисджытæ активондæрæй кусой ацы документыл. Æрдзырдтам-ма адæймаджы барты фарстайыл дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ гуырдзиаг къухдариуæгад аразы æппæтдæр, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмбæстæгтæн ма уа фæсарæнтæм цæуæн, алыхуызон ныхдуртæ æвæры визæтæ радтыны хъуыддаджы, культурон мадзæлтты хайад исты.

Фыццаджыдæр дзырд цæуы ЕЦ бæстæтæм бацæуыны тыххæй визæтæ райсыны ныхдуртыл. Гуырдзыстоны хицауад æрвиты фыстæджытæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, кæд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы цæрæг УФ-йы æмбæстæгтæ сты, уæддæр визæтæ лæвæрд ма цæуой. Вæййы ахæм цаутæ дæр æмæ адæмæн сæ къух нæ аразынц, æрмæстдæр Хуссар Ирыстоны кæй райгуырдысты, уый тыххæй, Уæрæсейы æмбæстæгтæ кæд сты æмæ УФ-йы кæд цæрынц, уæддæр.

Гуырдзиаг политиктæ алыхуызон æхсæнадæмон фæзуæттыл равдисынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмбæстæгты адæймаджы барты фарстаты æвæрццаг хуызы. Мах нымайæм, адæймаджы барты фарстатыл хъуамæ ныхас кæнæм алыхуызон фæзуæттыл, æвдисæм, дыууæ республикæйы дæр адæймаджы бартæ æххæстбæрцæй хъахъхъæд кæй цæуынц, уый. Афтæ у уавæр национ къаддæр хæйттимæ дæр, æмæ ацы хъуыддаг ма хъуамæ уа Гуырдзыстоны æрдыгæй иуварсон æгъдауæй искæй зылын кæныны бындур.

 

17.11.2016