Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары комментари ИА ТАССæн Гуырдзыстоны премьер-министрмæ кандидат Ираклий Кобахидзейы раныхасы фæдыл

Ахсар Джиоев

«Гуырдзыстоны премьер-министрмæ кандидат Ираклий Кобахидзейы раныхас Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны территоритæ сабырæй «æрбаздахыны» фæдыл здæхт у Гуырдзыстоны адæммæ. Ахæм ныхæстæ алыхуызон æмвæзадтыл загъд цыдысты раздæр дæр. Бæрæг у, æмæ уыдон махæн бынтондæр актуалон не сты. Ирон адæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бавзæрстой хуссайраг сыхаджы «хæларад», æмæ уый фæдыл тынг хорз æмбарынц ацы ныхæсты æцæг мидис. 

Сидæм, 2008 азы майрæмты мæйы фæстæ регионы цы геополитикон уавæр сфидар, ууыл сразымæ æмæ мæнг хъуыдытæ ферох кæнынмæ». 

 

https://tass.ru/mezhdunarodnaya-panorama/19905765

05.02.2024